Цхинвалы сбӕрӕг кӕндзысты МСНК хуыздӕр командӕ мини-футболӕй

© Пресс-служба МВД РЮОЦхинвалы сбӕрӕг кӕндзысты МСНК хуыздӕр командӕ мини-футболӕй
Цхинвалы сбӕрӕг кӕндзысты МСНК хуыздӕр командӕ мини-футболӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрвылазон турнир МСНК дӕлхайӕдты хсӕн уагъд цӕуы Цхуырбаты Гурамы номыл республикон стадионы

ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik. Цхинвалы райдыдта турнир мини-футболӕй Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) дӕлхайӕдты хсӕн, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Цхинвалы рабӕрӕг кодтой Хъахъхъӕнынады министрады иууыл тыхджындӕр футболон командӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы рабӕрӕг кодтой Хъахъхъӕнынады министрады иууыл тыхджындӕр футболон командӕ

Турнир уагъд цӕуы Цхуырбаты Гурамы номыл республикон стадионы.

Алыгъуызон спортивон ерыстӕ ӕрвылаз уагъд цӕуынц МСНК дӕлхайӕдты хсӕн. Уагдоны куыд банысан кодтой, афтӕмӕй ерысты нысаниуӕг у физикон культурӕйы райрӕзт, ӕмӕ хуыздӕр спортсменты сбӕрӕг кӕнын мидхъуыддӕгты органты кусджыты хсӕн, афтӕ ма сфидар кӕнын хӕларадон ахастытӕ кусджыты хсӕн.

"Иууыл тыхджындӕр командӕйы номыл тох кӕнынц фондз командӕйы. Турнир уагъд цӕудзӕн ӕхсӕз боны дӕргъы, уӕлахиздзау уыдзӕн командӕ, кӕцы ӕрӕмбырд кӕндзӕн иууыл фылдӕр очкотӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Турниры уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призерты схорзӕхджын кӕндзысты кубоктӕ ӕмӕ грамотатӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0