ХИПУ баскетболисттӕ хӕларадон хъазт ауадздзысты уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы командӕимӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХИПУ баскетболисттӕ хӕларадон хъазт ауадздзысты уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы командӕимӕ
ХИПУ баскетболисттӕ хӕларадон хъазт ауадздзысты уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы командӕимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фембӕлды датӕ нырма бӕрӕг нӕу. Ахуыргӕнӕндоны баскетболы командӕйы тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм мадзӕлты руаджы спортмӕ бирӕ фӕсивӕд ӕрбадахынц

ЦХИНВАЛ, 13 окт – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты баскетболон командӕ цӕттӕ кӕны хӕларадон фембӕлдмӕ 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы командӕимӕ, организатортӕ нырма бӕрӕг кӕнынц хъазты датӕ. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта университеты командӕйы тренер, Хуссар Ирыстоны Адӕмон ахуыргӕнӕг Дзабиты Роланд.

"Ахӕм фембӕлдтӕ арӕх цыдысты. Нӕ хӕслӕвӕрд у ӕрбаздахын фӕсивӕды спортмӕ, ӕмӕ мах ууыл активонӕй кусӕм", - загъта Дзабиты Роланд.

ХИПУ студенттӕ Республикӕйы бон банысан кодтой лидзынӕй ерыстӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
ХИПУ студенттӕ Республикӕйы бон банысан кодтой лидзынӕй ерыстӕй
Афтӕ ма тренер радзырдта ХИПУ студентты хсӕн ерысты тыххӕй. Цыппӕрӕмы Цхинвалы стадионы ацӕудзысты ерыстӕ лидзынӕй ӕмӕ ӕндӕр физкультурон дисциплинӕтӕй.

"Мах цӕттӕ кӕнӕм фӕйнӕ фондз лӕппу ӕмӕ чызджы. Уыдзӕн згъорд лӕппутӕн сӕдӕ ӕмӕ ӕхсӕз сӕдӕ метрмӕ, чызджытӕн та сӕдӕ ӕмӕ цыппар сӕдӕ метрмӕ. Уый хъӕуы, цӕмӕй фылдӕр фӕсивӕды ӕрбаздахой спортмӕ", - загъта Дзабиты Роланд.

Дзабиты Роланд йӕ цард снывонд кодта спорты популяризацийӕн. Тренеры куыст уый райдыдта советон дуджы, уый фӕстӕ активонӕй кусы Хуссар Ирыстоны баскетболы райрӕзтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0