Цхинвалы инфекцион хайады ис 29 пациенты пневмониимӕ, 17 сбӕрӕг ис коронавирус

© RIA Novosti . Владимир АстапковичКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рынчынты нымӕц кӕй рӕзы, уый фӕдыл рынчындоны къухдариуӕгад ӕртӕ хатты фӕфылдӕр кодта медикты нымӕц "сырх зонӕйы"

ЦХИНВАЛ, 15 окт – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Коронавирус сбӕрӕг кодтой 17 адӕймагӕн 29 пациентӕй пневмониимӕ  республикон бирӕпрофилон медицинон центры инфекцион хайады. Уый фӕдыл рынчындоны фӕфылдӕр кодтой медицинон кусджыты нымӕц, фехъусын кодта Sputnik дохтыр-инфекционист Джиоты Тамара.

"Пациентты нымӕц фылдӕр кӕны. Кӕд раздӕр рынчындоны рады уыдысты фӕйнӕ иу дохтыр ӕмӕ медицинон хо, уӕд ныр та сты фӕйнӕ ӕртӕ. Ныртӕккӕ махмӕ ис 29 пациенты пневмониимӕ, уыдонӕй 17 сбӕрӕг кодтой коронавирус", - загъта Джиоты Тамара.

Уый банысан кодта, ӕртыццӕджы, 14 октябры, инфекцион хайадмӕ кӕй ӕрбакодтой ӕхсӕз рынчыны пневмониимӕ, уыдонӕй цыппарӕн коронавирусы фӕдыл тест равдыста ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 24 ног рынчыны

Дохтыр саръ кодта пациентты уавӕрӕн, куыд астӕуккаг ӕмвӕзады уӕззау, фӕлӕ дзы ис ахӕмтӕ, кӕцытӕм хъӕуы сӕрмагонд хъусдард.

"Иу пациент ис Бобровы аппаратыл, аннӕтӕн дӕттӕм кислородон концентратортӕ. Рӕуджыты вентиляцийы аппаратмӕ нырма никӕй хъӕуы баиу кӕнын. Хос кӕнынӕн медикаменттӕ дӕр нырма фаг сты", - бахахх кодта дохтыр.

Афтӕ ма Джиоты Тамара бахахх кодта, медперсоналмӕ кӕй ис фаг хъахъхъӕнӕн фӕрӕзтӕ – сӕрмагонд костюмтӕ ӕмӕ респиратортӕ.

Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ коронавирус сбӕрӕг кодтой 107 адӕймагӕн, пандемийы райдайӕнӕй та 197 ӕмбӕстагӕн.

Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕджы дыууӕкъуырион карантиныл сӕхгӕдтой цалдӕр скъола ӕмӕ сабидоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0