Хуссарирыстойнаг сӕндуцӕн компани балхӕдта 20 тонн сӕнӕфсир бынӕттон фермертӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссарирыстойнаг сӕндуцӕн компани балхӕдта 20 тонн сӕнӕфсир бынӕттон фермертӕй
Хуссарирыстойнаг сӕндуцӕн компани балхӕдта 20 тонн сӕнӕфсир бынӕттон фермертӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыллӕджы егъау партитӕ райстой Цхинвалы районы Арцеуы хъӕуӕй, Знауыры районы кӕцыдӕр хъӕутӕй ӕмӕ столицӕйӕ

ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Егъау хуссарирыстойнаг сӕнуадзӕн компани балхӕдта 20 тонн сӕнӕфсир бынӕттон фермертӕй, фехъусын кодта Sputnik компани "Иронсӕн"-ы генералон директор Алексей Цапаев.

Иууыл хуыздӕр тыллӕг ӕркодтой Цхинвал ӕмӕ Знауыры районты.

"20 тоннӕйы бӕрц райстам, цӕттӕ стӕм ноджы 50 тонн райсынмӕ. Ӕвзарæм сæнæфсир ломиаури, чинури, мцване, тавквери хуызтæ. Тыллӕджы егъау партитӕ райстам Цхинвалы районы Арцеуы хъӕуӕй, Знауыры районы кӕцыдӕр хъӕутӕй ӕмӕ столицӕйӕ",- загъта амалиуӕгдары хистӕр.

Компани "Иронсан"-ӕн ис йӕхи сӕндӕттӕ Цхинвалы районы Присы хъӕуы, фӕлӕ уый ӕмрӕнхъ исы фермертӕй дӕр сӕнӕфсир.

Сӕндуцӕн завод "Иронсӕн"-ӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд 2018 азы.

Ацы аз февралы мӕйы хӕлцады егъау ӕхсӕнадӕмон форум "Продэкспо"-йы Хуссар Ирыстонӕй сӕн нымад ӕрцыд хуыздӕрыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0