Хуссар Иры сӕйраг реаниматолог саргъ кодта коронавирусимӕ уавӕрӕн

© SputnikПлиты Александр
Плиты Александр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сӕйраг проблемӕ медик хоны специалистты цухдзинад. Нырма дохтыртӕ сӕ куыстыл ӕххӕссынц, фӕлӕ рынчынтӕ куы фӕфылдӕр уой, кӕд ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады системӕйы куыст зынгӕ фӕкъуыхцы уыдзӕн

ЦХИНВАЛ, 20 окт - Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы бирӕпрофилон медицинон центры сывӕллӕтты рынчындон дыццӕджы райдыдта исын коронавирусӕй рынчынты, фехъусын кодта Sputnik сӕйраг реаниматолог Плиты Александр.

Республикӕйы фӕстаг дыууӕ къуыри зынгӕ сбирӕ сты коронавирусӕй рынчынтӕ. Карантин конд ӕрцыд скъолаты ӕмӕ ХИПУ-йы, афтӕ ма кӕцыдӕр сабидӕтты дӕр. 

"Рынчындон нымад у 100 адӕймагыл, сӕ нымӕцы уӕззау рынчынтӕ дӕр. Пациентты, фылдӕр бӕрцӕй пневмони кӕмӕн ис, уыдон ныридӕгӕн кӕнынц инфекцион хайадӕй сывӕлӕтты рынчындонмӕ", - загъта Плиты Александр.

Дохтыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы фаг ис рӕуджыты вентиляцийы аппараттӕ, ӕрмӕст нӕ фаг кӕнынц уыдоныл кусын чи арӕхсы, ахӕм специалисттӕ.

Абхазмӕ ӕрцыдысты уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ коронавирусӕй рынчынтӕн ӕххуыс кӕныны тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Абхазмӕ ӕрцыдысты уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ коронавирусӕй рынчынтӕн ӕххуыс кӕнынӕн

"Уыцы аппарат у фортепианойы хуызӕн, ӕнӕ специалистӕй нӕ кусы. Хъуамӕ уа реаниматологы ӕппынӕдзух хъусдарды бын. Ныридӕгнӕн нӕм ис цыппар реаниматологы, Хуыцау бахизӕт, цӕмӕй сӕ исчи фӕрынчын уа. Уӕд тынг фӕтыхсдзыстӕм", - бафтыдта уый.

Медикы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ис хосты ӕмӕ хъахъхъӕнӕн ӕрмӕджты цухдзинад.

"Уавӕр куы февзӕрдӕр уа, кӕд уымӕ не стӕм цӕттӕ. Эпидемийы райдайӕнӕй йӕ дзурын, нӕй нӕм кадртӕ - реаниматолог, пульмонолог, эпидемиолог, инфекционист", - бахахх кодта уый.

Плиты Александр ма бафтыдта, Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад кӕй уадзы бадзырдтӕ Уӕрӕсеимӕ ӕххуыс ӕрӕрвитыны тыххӕй.

Уыимӕ иумӕ ма дохтыр бахахх кодта, ныридӕгӕн Хуссар Ирыстоны дохтыртӕ кӕй хос кӕнынц коронавирусӕй рынчынтӕн ӕнтыстджынӕй. Фӕлӕ уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ уагдон сиддзӕн уӕрӕсейаг коллегӕты ӕххуысмӕ, уымӕ ӕмӕ "тӕссаг у, нӕхи тыхтӕй куы нӕ сфӕразӕм".

Ног хабӕртты лентӕ
0