Волонтертӕ Хуссар Ирӕй арвыстой Бӕдойты Зӕринӕйы хыгъдмӕ ӕрдӕг милуан соммӕ ӕввахс

© Sputnik / Элина ГабараеваВолонтертӕ Хуссар Ирӕй арвыстой Бӕдойты Зӕринӕйы хыгъдмӕ ӕрдӕг милуан соммӕ ӕввахс
Волонтертӕ Хуссар Ирӕй арвыстой Бӕдойты Зӕринӕйы хыгъдмӕ ӕрдӕг милуан соммӕ ӕввахс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны октябры райдайӕны райдыдта акци Бӕдойты Зӕринӕйӕн ӕххуысӕн, кӕцыйӕн сӕвӕрдтой фæсонты-хæцъæфты атрофийы диагноз. Республикӕйы столицӕ ӕмӕ хъӕуты сӕвӕрдтой асыкктӕ ӕхца ӕмбырд кӕнынӕн

ЦХИНВАЛ, 27 окт — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Бархионтӕ Хуссар Ирыстонӕй арвыстой Бӕдойты Зӕринӕйы хыгъдмӕ фыццаг суммӕ, кӕцы ӕрӕмбырд кодтой акцийы фӕлгӕтты.

Персаты Арнелла  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Арнеллайæн æххуыс: спортивон блогер рахицæн кодта рынчын сабийæн æрдæгмилуан сомы

Чызгӕн ис генетикон низ - фæсонты-хæцъæфты атрофи. Ацы низы хосы аргъ у 150 милуан сомӕй фылдӕр.

Ӕхцайы фӕрӕзтӕ ӕмбырд кӕнынц ӕрмӕст Хуссар Ирыстоны нӕ, фӕлӕ ӕппӕт Уӕрӕсейы дӕр. Чызгӕн ӕххуыс кӕнынц номдзыд спортсментӕ, актертӕ, амонджытӕ ӕмӕ блогертӕ.

"Мах систам ӕхцатӕ асыккты фылдӕр хайӕ. Иннӕтӕм мах нӕ бавнӕлдтам – кӕцыдӕр асыкктӕ сты дард хъӕуты, кӕцыдӕр дуканитӕ та уыцы рӕстӕджы ӕхгӕд уыдысты", - радзырдта Sputnik акцийы организатор Дыгъуызты Вадим.

Акцийы фӕлгӕтты ӕрӕмбырд кодтой 425 мин сомы, бафтыдта уый.

Хуссар Ирыстоны Национ банчы сӕргълӕууӕг Джиоты Жанна радта фадат бархионтӕн, цӕмӕй ацы фӕрӕзтӕ ӕнӕ процентӕй арвитой. Къуырисӕры, 26 октябры, ӕхцатӕ арвыстой Бӕдойты Зӕринӕйы фыды хыгъдмӕ.

Чызджы ныййарджытӕ фӕдзырдтой акцийы организатортӕм ӕмӕ загътой бузныг ӕппӕт ирон адӕмӕн.

"Зӕринӕйы фыд дзырд радта, йӕ чызг кӕй зондзӕн чи йын ӕххуыс кодта, уыдоны. Афтӕ ма банысан кодта, алцыдӕр хорз куы уа, уӕд кӕй ӕрцӕудзысты Хуссар Ирыстонмӕ", - бафтыдта Дыгъуызты Вадим.

Хуссар Ирыстоны октябры райдайӕны райдыдта акци Бӕдойты Зӕринӕйӕн ӕххуысӕн, кӕцыйӕн сӕвӕрдтой фæсонты-хæцъæфты атрофийы диагноз. Хос кӕнынӕн хъӕуы ӕрӕмбырд кӕнын 155 милуан сомы, уыдонӕй чызджы ныццарджытӕм ныридӕгӕн ис 81,6 милуан сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0