Республикон бирӕпрофилон медцентры фехъусын кодтой коронавирусӕй фӕмардуӕвджыты нымӕц

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы рынчындон
Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Медиктӕ фӕмардуӕвджытӕн алкӕмӕндӕр сбӕрӕг кодтой вирусон пневмони, афтӕмӕй уыдоны тесттӕ коронавирусы фӕдыл гӕнӕн ис уыдаиккой ӕппӕрццаг, банысан кодта центры сӕйраг дохтыр

ЦХИНВАЛ, 29 окт – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны коронавирус ӕмӕ йӕ аххосагӕй низты фӕстиуӕгӕн амардысты фараст адӕймаджы, фехъусын кодта республикон бирӕпрофилон медицинон центры сӕйраг дохтыр Быценты Индира.

Кислородон маскӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕмбырд кӕнынц ӕхца туаггуыры цех балхӕнынӕн

Коронавирусӕй фыццаг адӕймаг амард октябры ӕмбисы. Уый фӕстӕ хъусын кодтой ноджы фондз фӕмардуӕвӕджы тыххӕй.

"Абоны бон, республикон бирӕпрофилон медицинон центры бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, коронавирусы аххосагӕй низты фӕстиуӕгӕн амардысты фараст адӕймаджы. Афтӕмӕй тестты фӕстиуджытӕ гӕнӕн ис уой ӕппӕрццаг. Уыдонӕн алкӕмӕндӕр уыд дыууӕварсон пневмони", - загъта медцентры сӕйраг дохтыр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕмардуӕвджытӕн ма ноджы кӕй уыд ӕндӕр низтӕ дӕр.

"Нӕ йӕ зонын, ӕндӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ дзы кӕцӕй фӕзынд. Мах ӕрвыл райсом бадӕттӕм цифрӕтӕ Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадмӕ", - бафтыдта Быценты Индира.

Пандемийы райдайӕнӕй республикӕйы коронавирусӕй ӕдӕппӕт фӕрынчын сты 768 адӕймаджы, уыдонӕй 678 – 15 сентябры Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ

Ног хабӕртты лентӕ
0