Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта РБМЦ ӕмӕ бафхӕрдта "сырх зонӕйы" куысты организаци

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий бабӕрӕг кодта РБМЦ "сырх зонӕ"
Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта РБМЦ сырх зонӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент федта рынчынты хоскӕнынады уавӕртӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ, кӕцытыл сӕмбӕлынц дохтыртӕ. Балцы фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, паддзахады сӕргълӕууӕг ауагъта рабадт медцентры дохтыртимӕ

ЦХИНВАЛ, 4 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий скритикӕ кодта медицинон уагдӕтты куысты организацийы ныллӕг ӕмвӕзад. Паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Бибылты Анатолий знон бацыд республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) сывӕллӕтты рынчындонмӕ, цы ран октябры сарӕзтой "сырх зонӕ" коронавирусӕй рынчынтӕн хос кӕнынӕн.

"Не срӕвдз кодтой туаггуырӕй ифтонгад. Къуырийы дӕргъы райдайдзысты куыстытӕ, кӕцыты руаджы туаггуыр нал хъӕудзӕн ласын баллонты ӕмӕ исын рынчындоны уӕладзыгтӕм, фӕлӕ адӕмы ацы тӕккӕ хъӕуы туаггуыр. Нӕ хъӕуы ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цӕмӕй ӕрӕмбырд уой 180 баллоны, фӕлӕ ласын чысылдӕр партитӕй. Не срӕвдз кодтой куыст дохтырты графикимӕ, пациенттӕм кӕсынимӕ, хостӕй сифтонг кӕнынимӕ", - банысан кодта Бибылты Анатолий.

Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта ӕрмӕстдӕр иу хорздзинад: "зындзинӕдтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, дохтыртӕ дарддӕр кусынц ӕмӕ хос кӕнынц пациенттӕн".

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий бабӕрӕг кодта РБМЦ "сырх зонӕ"
Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта РБМЦ сырх зонӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/5
Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта РБМЦ "сырх зонӕ"

2/5

3/5

4/5

5/5

"Сырх зонӕйы" сӕйраг проблемӕ у медицинон персонал, медикаменттӕ ӕмӕ туаггуыры цухдзинад. РБМЦ сӕйраг дохтыр Быценты Индирайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, рынчындоны 157 адӕймагыл кусынц цыппар дохтыры.

Бибылты Анатолий бахахх кодта, медицин кусджытӕ рынчын куы вӕййынц, уӕд кӕй хъӕуы ӕрбаздахын волонтерты, афтӕ ма медицинон ахуыргӕнӕндоны студентты.

Афтӕ ма президент банысан кодта, рынчындоны пациенттӕн бынӕтты цухдзинад хъуамӕ ӕввахс рӕстӕджы аскъуыддзаг кӕной Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады быдырон госпиталы ӕмархайдӕй.

Уымӕй дарддӕр, Бибылты Анатолий ӕрныхас кодта пациенттимӕ терапи ӕмӕ реанимацион хайады, дохтыртимӕ "сырх зонӕйы". Паддзахады сӕргълӕууӕг йӕ балцы кӕрон ауагъта рабадт РБМЦ дохтыртимӕ.

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий бабӕрӕг кодта РБМЦ "сырх зонӕ"
Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта РБМЦ ӕмӕ бафхӕрдта сырх зонӕйы куысты организаци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта РБМЦ "сырх зонӕ"

Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй рынчынты нымӕц фылдӕр кӕнын райдыдта 15 сентябры Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ. Уый размӕ республикӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ рацыдаиккой ӕнӕмӕнг дыууӕкъуырион карантин. Ацы мадзалы руаджы Хуссар Ирыстоны фондз мӕймӕ сбӕрӕг кодтой ӕрмӕстдӕр 90 рынчыны коронавирусӕй. Карантины фӕстӕ республикӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй иу мин рынчынмӕ ӕввахс, 11 адӕймаджы амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0