Цхинвалы сабидӕттӕ исдзысты ӕрмӕстдӕр медиктӕ ӕмӕ кусгӕ ныййарджыты сывӕллӕтты

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы сабидӕттӕ исдзысты ӕрмӕстдӕр медиктӕ ӕмӕ кусгӕ ныййарджыты сывӕллӕтты
Цхинвалы сабидӕттӕ исдзысты ӕрмӕстдӕр медиктӕ ӕмӕ кусгӕ ныййарджыты сывӕллӕтты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ныййарджыты, кӕцытӕн фадат нӕй дистанцион куыст кӕнын, ӕмӕ медицинон кусджыты сывӕллӕттӕн бакӕндзысты радгӕсон къордтӕ

ЦХИНВАЛ, 4 ноя – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны столицӕйы сабидӕттӕ рахизтысты куысты сӕрмагонд режиммӕ. Ахуырад ӕмӕ зонады министрады пресс-секретарь Плиты Яна куыд фехъусын кодта Sputnik, афтӕмӕй дыццӕджы, 3 ноябры, аскъуыддзаг кодтой бакӕнын алкӕцы сабидоны дӕр фӕйнӕ иу радгӕсон къорды.

"Ахӕм практикӕ уыд ӕппӕт уӕрӕсейы уалдзӕджы, алцыдӕр карантиныл 'хгӕд куы уыд, уӕд. Паддзахадон ӕмӕ хисӕрмагонд сабидӕтты бакодтой радгӕсон къордтӕ кусгӕ чи кӕны, ахӕм ныййарджыты сывӕллӕттӕн. Махмӕ дӕр бакӕндзысты фӕйнӕ иу къорды алкӕцы сабидоны дӕр", - банысан кодта Плиты Яна.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сабидоны кусдзӕн иу-дыууӕ къорды.

Медицинон хо - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бирӕ рынчынтӕ ӕмӕ цъус хостӕ: медхо йӕ куысты тыххӕй "сырх зонӕ"-йы Цхинвалы

"Иу къорды уыдзӕн 20 сывӕллоны онг. Уый, фыццаджыдӕр, арӕзт цӕуы ныййарджытӕн, кӕцытӕ кусынц пандемийы рӕстӕджы", - банысан кодта пресс-секретарь.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, горӕты къухдариуӕгад ӕмӕ медиктӕн ис иу хъуыды ӕмбӕстӕгты категориты фӕдыл, кӕцытӕн фадат уыдзӕн бакӕнын сӕ сывӕллӕтты сабидонмӕ.

"Дохтыртӕ ӕмӕ ахуырады горӕтон хайад дӕр сидынц, цӕмӕй сывӕллӕтты ӕрбакӕной ӕрмӕстдӕр куы фӕтыхсой, уӕд. Кӕд ныййарджытӕ хӕдзары бадынц, уӕд сӕ сывӕллӕтты сабидонмӕ кӕнын нӕ хъӕуы", - загъта Плиты Яна.

Республикӕйы скъолатӕ та ӕхгӕд уыдзысты 15 ноябры онг.

"Кӕд уавӕр нӕ фӕива, уӕд аскъуыддзаг кӕндзысты адарддӕр кӕнын карантин", - бахахх кодта пресс-секретарь.

Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй рынчынты нымӕц фылдӕр кӕнын райдыдта 15 сентябры Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ. Уый размӕ республикӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ рацыдаиккой ӕнӕмӕнг дыууӕкъуырион карантин. Ацы мадзалы руаджы Хуссар Ирыстоны фондз мӕймӕ сбӕрӕг кодтой ӕрмӕстдӕр 90 рынчыны коронавирусӕй. Карантины фӕстӕ республикӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй иу мин рынчынӕй фылдӕр, 14 адӕймаджы амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0