Милици бафӕдзӕхста Цхинвалы уагдӕтты хицӕутты массон мадзӕлттыл тобӕйы тыххӕй

© Пресс-служба МВД РЮОМилици бафӕдзӕхста Цхинвалы уагдӕтты хицӕутты массон мадзӕлттыл тобӕйы тыххӕй
Милици бафӕдзӕхста Цхинвалы уагдӕтты хицӕутты массон мадзӕлттыл тобӕйы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тобӕ сӕвӕрдта Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад ноябры райдайӕны, цӕмӕй дарддӕр ма руадзой коронавирусы апарахат

ЦХИНВАЛ, 6 ноя - Sputnik. Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады фадыгонтӕ бафӕдзӕхстой столицӕйы кафетӕ ӕмӕ ресторанты хицуӕтты массон мадзӕлттыл тобӕйы тыххӕй коронавирусы апарахаты профилактикӕйы нысанӕн, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

"Милицийы фадыгонтӕ сгардзысты хиирхӕфсӕн центрӕ, физикон культурӕ ӕмӕ спорты объекттӕ, афтӕ ма уадздзысты профилактикон ныхас цӕрджытимӕ ӕмӕ рекомендаци кӕндзысты административон фадгуыты цӕрджытӕн фӕкъаддӕр кӕнын уазджыты нымӕц массон динон мадзӕлтты ӕмӕ зиӕнтты", - банысан кодтой уагдоны.

Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй рынчынты нымӕц фылдӕр кӕнын райдыдта 15 сентябры Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ. Уый размӕ республикӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ рацыдаиккой ӕнӕмӕнг дыууӕкъуырион карантин. Ацы мадзалы руаджы Хуссар Ирыстоны фондз мӕймӕ сбӕрӕг кодтой ӕрмӕстдӕр 90 рынчыны коронавирусӕй. Карантин сисыны фӕстӕ республикӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 1,2 мин рынчынӕй фылдӕр, 14 адӕймаджы амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0