"Иугонд Ирыстон" баххуыс кæндзæн ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн фæрæзтæй

© Партия "Единая Осетия""Иугонд Ирыстон"
Иугонд Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парти рахицæн кодта 200 мин сомы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадæн медикаменттæ æлхæнынæн

ЦХИНВАЛ, 6 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны политикон парти "Иугонд Ирыстон" баххуыс кодта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн фӕрӕзтӕй медикаменттӕ балхӕнынӕн, фехъусын кодта Sputnik партийы уӕнг, парламенты хъахъхъӕнынады комитеты размонӕг Бибылты Ацӕмӕз.

Хуссар Ирыстоны фӕстаг рӕстӕджы тынг кӕй сбирӕ сты коронавирусӕй рынчынты нымӕц, уымӕ гӕсгӕ нӕ фаг кӕнын медуагдӕтты медикаменттӕ, уый тыххӕй ивгъуыд къуырийы министрад сарӕзта хъусинаг.

"Республикӕйы кӕй нӕ фаг кӕнынц фӕрӕзтӕ медикаменттӕн, уый хынцгӕйӕ партийы сӕрдар Тадтаты Алан аскъуыддзаг кодта 200 мин сомӕй баххуыс кæнæн ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн. Уый иунӕг акци нӕ уыдзӕн. Парти дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕндзӕн йӕ фадӕттӕ йӕ куыд амоной афтӕ",- загъта Бибылты Ацӕмӕз.
Куыд æххуыс кæнынц волонтертæ Цхинвалы медиктæн сырх зонæйы - видео - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыд æххуыс кæнынц волонтертæ Цхинвалы медиктæн "сырх зонæйы" - видео

Хуссар Ирыстон коронавирусӕй рынчынтӕ кӕй сбирӕ сты, уымӕ гӕсгӕ нӕ фаг кӕныныц медикаменттӕ ӕмӕ медиктӕ. Республикӕйы уый фӕдыл сцайдагъ сты волонтерон змӕлдтӕ.

Стационарты ныртӕккӕ ис 228 адӕймаджы, ӕдӕппӕт та дохтырты хъусдарды бын ис 1046 рынчыны.

Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй рынчынты нымӕц фылдӕр кӕнын райдыдта 15 сентябры Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ. Уый размӕ республикӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ рацыдаиккой ӕнӕмӕнг дыууӕкъуырион карантин. Ацы мадзалы руаджы Хуссар Ирыстоны фондз мӕймӕ сбӕрӕг кодтой ӕрмӕстдӕр 90 рынчыны коронавирусӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0