Хуссар Иры зынгхуыст хъайтартӕн мемориал бакӕндзысты эпидуавӕры фӕхуыздӕры фӕстӕ

© Пресс-служба МО РЮО Хуссар Иры зынгхуыст хъайтартӕн мемориал
 Хуссар Иры зынгхуыст хъайтартӕн мемориал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мемориалон комплекс хъуамӕ бакодтаиккой 20 сентябры, Республикӕ Хуссар Ирыстоны равзӕрды 30-азон юбилейы бӕрӕгбоны

ЦХИНВАЛ, 12 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон горӕты территорийыл зынгхуыст хъайтартӕн мемориалон комплексы бӕрӕгбонон баконд ацӕудзӕн республикӕйы санитарон-эпидемиологон уавӕр куы фӕхуыздӕр уа, уӕд, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

"Коронавирусы фӕдыл санитарон-эпидемиологон уавӕр фадат кӕд радта, уӕд мемориал бакӕндзыстӕм Хъайтардзинад ӕмӕ адӕмон иудзинады боны 23 ноябры. Уый ахсджиаг датӕ у нӕ республикӕйы нырыккон историйы", - загъта хъахъхъӕнынады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Гассеты Ибрагим.

Уагдоны сӕргълӕууӕг бахӕс кодта фӕуын куыстытӕ обектыл ӕввахс рӕстӕджы ӕмӕ бацӕттӕ кӕнын комплекс бакондмӕ.

Хъахъхъӕнынады министрады банысан кодтой, объекты арӕзтад кӕй ис кӕронбӕттӕн этапы. Ныртӕккӕ фӕуд кӕны централон композицийыл куыстытӕ, цы ран сӕвӕрдзысты хъамаимӕ хӕстоны ӕртӕметрон фигурӕ, кӕцы йӕ сӕр ӕркъул кодта зынгхуыст хъайтарты мысӕнӕн.

Мемориалы структурӕйы сӕвӕрдзысты республикӕйы хъахъхъӕнынады фыццаг министр Хуыбылты Валерий ӕмӕ РХИ Гарзджын тыхты фыццаг командӕгӕнӕг Джиоты Аланы бюсттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0