Президент Бибылты Анатолий ацыд кусӕгон балцы Уӕрӕсемӕ

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий ӕрныхас кӕндзӕн уӕрӕсейаг чиновниктимӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн ӕмгуыстады фарстытыл, сӕ нымӕцы коронавирусимӕ тох

ЦХИНВАЛ, 16 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ис кусӕгон балцы Уӕрӕсейы Федерацийы.

"Мӕскуыйы Бибылты Анатолий нывӕнды ауадзын цалдӕр фембӕлды уӕрӕсейаг чиновниктимӕ, кӕцыты рӕстӕджы дзырд цӕудзӕн РХИ ӕмӕ УФ хсӕн социалон-экономикон ӕмгуыстады фарстытыл, афтӕ ма коронавирусон инфекцийы ныхмӕ тохы ӕмархайдыл", - хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй коронавирусӕй фӕрынчын сты 1,5 мин адӕймаджы. Республикӕйы сӕвӕрдтой ӕфсӕддон-быдырон госпиталь президент Бибылты Анатолийы уынаффӕйӕ республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрад уӕрӕсейаг хъахъхъӕнынадон уагдонмӕ куы бадзырдта, уый фӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0