Хуссар Иры ӕртыккаг бон коронавирусӕй ног рынчынты нымӕц нӕ хизы цыппорӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanРынчындон
Рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕстаг цалдӕр боны республикӕйы зынгӕ фӕкъаддӕр коронавирусон инфекцийӕ фӕрынчынуӕвджыты нымӕц, фехъусын кодтой Югосетпотребнадзоры

ЦХИНВАЛ, 17 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы дӕргъы рабӕрӕг кодтой коронавирусӕй 36 фӕрынчыны цауы, фехъусын кодта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Цхинвалы сывӕллӕтты рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӔХМ радзырдтой, цӕуыл бахардз кӕндзысты COVID-19 ныхмӕ тохӕн рахицӕнгонд ӕхцатӕ

Уагдон ныр ӕртыккаг бон хъусын кӕны, COVID-19-ӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц кӕй къаддӕр кӕны.

"Суткӕйы дӕргъы мах ауагътам 151 иртӕсты, коронавирус рабӕрӕг 36 адӕймагӕн", - загъта Гаглойты Анна.

Уый бафтыдта, ӕдӕппӕт сентябры ӕмбисӕй фӕстӕмӕ коронавирус кӕй бахӕцыд 1612 адӕймагыл, 321 уыдонӕй ныридӕгӕн сдзӕбӕх сты. 20 рынчыны медицинон хыгъдӕй систой фӕстаг суткӕйы.

Дохтырты хъусдарды бын медицинон уагдӕтты ӕмӕ хӕдзарон хаскӕнынады сты 1291 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0