Хуссар Иры иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй фондз ног рынчыны

© Sputnik / Виталий Тимкив /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыццӕджы Югосетпотребнадзоры лабораторийы сарӕзтой 80 басгӕрсты коронавирусы фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 25 ноя – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй фондз ног рынчыны, фехъусын кодта ӕртыццӕджы Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры фӕзиан сты дыууӕ адӕймаджы COVID-19 диагнозимӕ

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, дыццӕджы сарӕзтой 80 басгӕрсты коронавирусы фӕдыл.

"Ивгъуыд суткӕйы дӕргъы коронавирус рабӕрӕг кодтой фондз адӕймагӕн", - загъта Гаглойты Анна.

Уый ма банысан кодта, иу суткӕмӕ медицинон уагдӕтты "сырх зонӕтӕй" рафыстой 35 пациенты, медикты хъусдарды бын амбулаторон хоскӕнынады сты коронавирусӕй 1142 фӕрынчынуӕвӕджы.

Югосетпотребнадзоры бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, республикӕйы пандемийы рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 1689 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй 547 сӕнӕниз сты. Ацы рӕстӕгмӕ санитарон уагдон сарӕзта 10,3 мин тестӕй фылдӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0