Цхинвалы ӕрӕхгӕдтой фӕндагон змӕлд зӕронд хиды уылты

© Sputnik / Наталья АйриянЗӕронд хид
Зӕронд хид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Автотранспорты змӕлд 13 Коммунары уынгыл хиды уылты ӕрӕхгӕдтой цыппӕрӕмы, 12.00 сахатӕй, цалцӕггӕнӕн куыстыты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 26 ноя - Sputnik. Цхинвалы Стыр Леуахийы сӕрты зӕронд хидыл ӕрӕхгӕдтой фӕндагон змӕлд цыппӕрӕмы, 12.00 сахатӕй 15.00 сахатмӕ, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

"Стыр Леуахийы сӕрты хидыл цалцӕггӕнӕн куыстыты тыххӕй ӕрӕхгӕдтой автотранспорты змӕлд 13 Коммунары уынгыл. Фӕндаджы хай ӕхгӕд уыдзӕн 15.30 сахаты онг", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

Республикӕйы Паддзахадон автоинспекцийы бадзырдтой хӕдтулгӕты хицӕуттӕм, цӕмӕй агурой альтернативон маршруттӕ транспорты змӕлдӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0