Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Хуссар Иры банкон фадыджы кусджытӕн

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бузныг уын стыр профессионализм ӕмӕ уӕ куыстӕн иузӕрдыгдзинады тыххӕй, банысан икодта президент йӕ арфӕйы банкон фадыджы кусджытӕн

ЦХИНВАЛ, 2 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны банкон фадыджы кусынц бӕрзонд квалификациимӕ специалисттӕ. Уыдон иудадзыг хуыздӕр кӕнынц сӕ профессионализм. Уый тыххӕй дзырдӕуы Бибылты Анатолийы арфӕйы телы банкон фадыджы кусджытӕн, кӕцытӕ абон нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон.

Бибылты Анатолий фидарӕй загъта, банкон кусджытӕ дарддӕр дӕр алцыдӕр кӕй араздзысты къабазы райрӕзтӕн, ӕнтыстджынӕй ӕххӕст кӕндзысты сӕ хӕслӕвӕрдтӕ.

Паддзахады сӕргълӕууӕджы цӕст бауарзта банкон фадыджы специалисттӕн фидар ӕнӕниздзинад, амонд ӕмӕ ног ӕнтыстытӕ сӕ Фыдыбӕстӕйы хӕрзӕбонӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0