Хуссар Иры фыццаг парламентон ӕвзӕрстытӕ уыдысты демократийы цӕвиттон

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртыццӕджы, 9 декабры, ӕртын азы сӕххӕст республикӕйы парламентмӕ фыццаг ӕвзӕрстытӕ аудзыны боныл. Куыд цыдысты, уый тыххӕй радзырдта хуссарирыстойнаг политикӕйы ветеран Коцты Станислав

ЦХИНВАЛ, 9 дек - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Законтӕ, кӕцытӕ райста Хуссар Ирыстоны фыццаг хӕдбар парламент, уыдысты иттӕг хорз, фехъъусын кодта Sputnik фыццӕгӕм ӕрсидты депутат, ӕртыккӕгӕм ӕмӕ цыппӕрӕм ӕрсидты парламенты сӕрдар Коцты Станислав.

Хуссар Ирыстоны парламентмӕ фыццаг ӕвзӕрстытӕ ацыдысты 1990 азы 9 декабры. Парламенты сконды уӕд уыд 64 адӕймаджы. Фыццаг депутаттӕ райстой законтӕ, кӕцытӕ уыдысты бындурон паддзахадӕн.

"Фыццаг ӕвзӕрстытӕ цыдысты хӕдбар паддзахады. Ирыстоны историйы ахсджиаг мадзалмӕ иууылдӕр дардтой бӕрнон ахаст – депутаттӕм кандидаттӕ ӕмӕ Централон ӕвзарӕн къамис дӕр. Алцыдӕр ацыд бӕрзонд ӕмвӕзадыл", - банысан кодта Коцты Станислав.

Уый бахахх кодта, ацы ӕвзӕрcтытӕ кӕй сты демократийы цӕвиттон.

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæКоцты Станислав
Хуссар Иры фыццаг парламентон ӕвзӕрстытӕ уыдысты демократийы цӕвиттон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Коцты Станислав

"Уыцы рӕстӕджы уыд ӕцӕг конкуренци, кандидаттӕ кӕрӕдзийыл цъыф нӕ калдтой. Уый фӕдыл фыццаг ӕвзӕрстытӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕцӕг адӕмон парламент – Уӕлдӕр Совет. Адӕмӕн уыд стыр энтузиазм, ӕвзарджытӕ дӕр зӕрдиагӕй цыдысты хъӕлӕсдӕттынмӕ", - банысан кодта политик.

Коцты Станислав зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, фыццаг ӕрсидты скондмӕ кӕй бахызтысты алыгъуызон фадгуыты минӕвӕрттӕ, кӕцытӕ иумӕйагӕй арӕзтой Хуссар Ирыстоны паддзахады бындур.

Хуссар Ирыстоны национ парламентмӕ фыццаг ӕвзӕрстытӕ цыдысты 69 зылды. Ӕвзарджыты иумӕйаг нымӕц уыд 66 мин адӕймаджы, хъӕлӕсдӕттыны та хайад райстой 48 мин адӕймаджы. Фӕстӕдӕр депутатты нымӕц фӕфылдӕр кодтой 75 онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0