Дзабиты Иналы ӕфсымӕры ауагътой прокуратурӕйӕ ӕвдисӕндзырдты фӕстӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Дзабиты Иналы зиан
Дзабиты Иналы зиан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Генпрокуратурӕ хуыцаубоны радта агуырдмӕ Дзабиты Ацӕмӕзы "хицауады уӕнгтӕн ӕнӕцензурон ныхӕстӕ дзурыны тыххӕй"

ЦХИНВАЛ, 9 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Генералон  прокуратурӕ ауагъта Дзабиты Ацӕмӕзы ӕвдисӕндзырдтӕ раттыны фӕстӕ, фехъусын кодта ртыццӕджы генпрокурор ДзӕгъиатыУырызмӕг.

Дзабиты Ацӕмӕзы (Дзабиты Иналы фаззон ӕфсымӕр, кӕцы амард МХм Криминалон милицийы агуысты ӕрфарсты рӕстӕджы) цалдӕр боны размӕ радтой агуырды. Уӕд Генпрокуратурӕйы фехъусын кодтой, уый театралон фӕзуаты кӕй дзырдта хицауады уӕнгтӕн ӕнӕцензурон ныхӕстӕ.

"Дзабиты Ацӕмӕз радта ӕвдисӕндзырдтӕ, уый фӕстӕ йӕ ауагътой пркуратурӕйы бӕстыхаййӕ", – загъта Дзӕгъиаты Уырызмӕг.
Протесты акци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы фӕндзӕм бон уагъд цӕуы протесты акци. Горӕты центр ӕрӕхгӕдтой тыхон структурӕтӕ

Цхинвал ӕхсӕзӕм бон цӕуынц протестон акцитӕ, хайад сӕ исынц Дзабиты Иналы хиуӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕм. Уыдон домынц, цӕмӕй Иналы амарды хъуыддаг сгӕрст ӕрцӕуа растӕй ӕмӕ ӕцӕгӕй аххосджынтӕ ӕрцӕуой ӕфхӕрд, афтӕ ма цӕмӕй генералон прокурор ацӕуа отставкӕйы.

Августы кæрон рабæрæг ис, МХМ хистæры амарын бафæлварыны хъуыддаджы зæрдæхсайгæ адæймаг Дзабиты Иналы рæстæгмæ дарæн изоляторæй кæй фæхæццæ кодтой рынчындонмæ уæззау буары цæфтимæ. Фæстæдæр фехъусын кодтой, лæппу кæй амард.

Дзабиты Иналы мæлæт æхсæнады сæвзæрын кодта стыр резонанс. Йæ фæстæ Цхинвалы ацыд митингтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0