Хуссар Иры сабитӕн байуардзысты ногазон лӕвӕрттӕ

© PixabayНогазон лӕвар
Ногазон лӕвар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырады министрад самал кодта иууӕндӕс азы кары онг республикӕйы ӕппӕт сывӕллӕтӕн адджинӕгты тыхтонтӕ

ЦХИНВАЛ, 11 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ахуырады министрад фӕндзӕм къласы онг сабиты ӕппӕт республикӕйы сифтонг кӕндзӕн ногазон лӕвӕрттӕй. Адджинӕгты тыхтонтӕ уарын райдайдзысты ног къуырийы кӕрон, фехъусын кодта Sputnik министрады техникон ифтонгады хайады хистӕр Тедеты Алена.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уагдон бацӕттӕ кодта 9 914 лӕвары, сӕ нымӕцы 100 президентон.

"Министрад самал кодта ногазон лӕвӕрттӕ. Адджинӕгты тыхтонтӕ ног къуырийы кӕрон райдайдзысты уарын уагдӕттыл, уый фӕстӕ сӕмбӕлдзысты сӕ адресаттыл. Ногазон лӕвӕрттӕ райсдзысты ӕппӕт сабитӕ, кӕцытӕ сты 11 азы кары онг",- загъта уый.

Тедеты Аленайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ногазон лӕвӕрттӕ раздӕрау лӕвӕрд цӕуыдзысты сабидӕттӕ, поликлиникӕтӕ ӕмӕ скъолатӕй. Стæй ма хæрзаудæн фонд "Память"-ы ууылты.

Ног хабӕртты лентӕ
0