Æнæ фæсиатæй: БАМ-ы микрорайонмæ фæуд кæны фæндагарæзтад

© Sputnik / Лейла Дриаева БАМ-ы микрорайонмæ фæуыд кæны фæндагарæзтад
 БАМ-ы микрорайонмæ фæуыд кæны фæндагарæзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы уынджы дæргъ у 700 метры æмæ йæ уæрх та 6 метры бæрц. Кусынц дзы сæрмагонд техникæйы 12 иуæджы æмæ 20 адæймаджы

ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны столицæйы микрорйон "БАМ"-мæ фæндаджы арæзтады куыстытæн сæ фылдæр хай конд у æмæ ацы бонты хъуамæ лæвæрд æрцæуа эксплуатацимæ, фехъусын кодта Sputnik арæзтадон бригадæйы сæргълæууæг Плиты Хох.

Ацы уынджы дæргъ у 700 метры æмæ йæ уæрх та 6 метры бæрц. Кусынц дзы сæрмагонд техникæйы 12 иуæджы æмæ 20 адæймаджы.

"Объекты арæзтадон куыстытæ райдыдтам августы мæйы. Ныр сæ фылдæр хай у конд. Кæд нæ боныгъæдтæ нæ бахъыгдарой, уæд фæнд кæнæм дæс боны æмгъуыдмæ йæ фæуын", - загъта Плиты Хох.

Йæ ныхæсæм гæсгæ, ацы бонты уыдон фесты асфальты агъоммæйы куыстытæ - тротуартæ æмæ машинæты фæндагыл калд æрцыд хуыр æмæ ныр та æрæвнæлдтой асфальты фыццаг уæлцъар æвæрынмæ.

Цӕрджыты фехъустой: арӕзтады министрад аивта микрорайон БАМ-мӕ фӕндагарӕзтады проект - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕрджыты фехъуыстой: арӕзтады министрад аивта БАМ-мӕ фӕндагарӕзтады проект

Фæндæгты арæзтады агъоммæ уал ам бакуыстой "Энергоресурс" æмæ "Водоканал"-ы кусджытæ. Ивд æрцыдысты газ, дон æмæ канализацион хæтæлтæ. Уый фæстæ æрæвнæлдтой сæ куыстмæ фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы комитет "Дорэкспострой". Фæндаджы иу хайы фæйнæ фарс хисæрмагонд арæзтæдтæ кæй ис, уымæ гæсгæ уым йæ фæтæн уыд нарæг æмæ дзуапп нæ лæвæрдта арæзтады нормæтæн. Ацы фарсты фæдыл районы цæрджытæ сæ куырдиат бахастой горæты администрацимæ æмæ йæ аскъуыддзаг кодтой дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ. Кæд уыцы рæстæг фæндагаразджытæн бахардз ис æнӕхъуаджы, уæддæр ныр фæндаг æрцахста æмбæлон параметртæ æмæ дзуапп дæтты нывӕзтмӕ хаст нормæтæн.

Цхинвалы БАМ-ы цæрджытæ хъаст кæнынц экономон арæзтадæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уынгæг фæндаджы ныхмæ: Цхинвалы БАМ-ы цæрджытæ хъаст кæнынц экономон арæзтадæй

Сæрмагонд арæзтадон куыстыты агъоммæ ам хъуыд фæндæгтæ расыгъдæг кæнын алыгъуызон æнæхъуаджы быронæй. Микрорайон арæзт куы 'рцыд, уæдыккон бæлæстæ 2008 азы хæсты рæстæджы фесхъистæ сты æмæ уыдысты ракæлынæввонг. Ныр кусджытæ уыдон дæр ракалдтой æмæ сæ бынæтты хъуамæ æрцæуа ног бæлæстæ сагъд.

70 азты Хуссар Ирыстоны уæвæг Уæрæсейы æфсæддон хæйттæн арæзт æрцыд БАМ-ы микрорайон æмæ уæдæй нырмæ ам зæххыбыны коммуникацитæ ивд никуы уыдысты, нæдæр уынгты хæрзарæзтадыл цыд куыст.

Ног хабӕртты лентӕ
0