Хуссар Иры цӕрджытӕ ногазон бӕрӕгбӕтты баулӕфдзысты дӕс боны

© Sputnik / Наталья АйриянНогазон Цхинвал
Ногазон Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Улфӕт бонтӕ ахӕссыны тыххӕй барамынд министрты кабинет  райста нырма фӕззӕджы. Хицауады фехъусын кодтой, кӕй йӕм нӕ хъавынц бахӕссын  ивындзинӕдтӕ

ЦХИНВАЛ, 17 дек – Sputnik, Козаты Диана. Ног азы Хуссар Иры баулӕфдзысты дӕс боны. Дӕргъвӕтин улӕфтытӕ баст сты уыимӕ, ӕмӕ 2 январы сабаты улӕфт бон кӕй рахастой 8 январы майрӕмбонмӕ. Кусгӕ бонтӕ райдайдзысты 11 январӕй.

Ногазон Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Наз бӕлас ӕмӕ гирляндӕтӕ: Цхинвал райдайдзысты цӕттӕ кӕнын Ног азмӕ

Республикӕйы хицауад октябры сфида кодта 2021 азы улӕфт бонтӕ ахӕссыны фӕдыл уынаффӕ.

"Улӕфт бонтӕ ахӕссыны тыххӕй барамынд министрты кабинет райста дыууӕ мӕйы размӕ. Ивындзинӕдтӕ йӕм нӕ бахастой ӕмӕ нӕдӕр хъавынц бахӕссын", – банысан кодта хицауады аппараты сӕргълӕууӕ Гаглойты Олег.

Кусгӕ бонӕй баззайдӕн 31 декабрь дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0