Хуыздӕр шахматистты фембӕлд: Цхинвалы фыццаг хатт ацӕудзӕн турнир дистанцион форматы

© Sputnik / Natalia Airiyan Шахматтӕ
Шахматтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног ерысты формат сфӕлвардзысты республикӕйы 10 хуыздӕр хъазӕджы, кӕцытӕ иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕвдыстой азы дӕргъы турнирты

ЦХИНВАЛ, 24 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны шахматты федераци, спорт ӕмӕ фӕсивӕдон комитетимӕ иумӕ уадзынц фыццаг дистанцион форматы турнир шахматтӕй. Ногазон спортивон ерысты ног форматмӕ ракодтой коронавирусы пандемийы аххосӕй, фехъусын кодта Sputnik Федерацийы разамонӕг Саулохты Георгий.

Ерыстӕ ацӕудзысты хуыцаубоны, 27 декабры.

"Къуырийы кӕрон уадзӕм республикӕйы 10 хуыздӕр хъазӕджы турнир шахматтӕй. Ацы азы дӕргъы иууыл хуыздӕр бӕрӕггӕнтӕ цы спортсментӕ равдыстой, уыдон суыдзысты турниры архайджытӕ",- загъта Саулохты Георгий.

Федерацийы хистӕры ныхӕстӕм гӕсгӕ, нырма республикӕйы кӕй архайы тобӕтӕ ӕмӕ тӕссаг у в коронавирусы апарахатӕй, уымӕ гӕсгӕ турнир цӕуы ног форматы.

Хуссар Ирӕй шахматист ссис Цӕгат Ирыстоны фӕсивӕдон турниры призер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг шахматист ссис Цӕгат Ирыстоны фӕсивӕдон турниры призер

"Мах ауадздзыстӕм ерыстӕ интернаты. Шахматон фӕзуаттӕй иуы цӕудзысты хъазтытӕ. Ахӕм дистанцион форматы турнир цӕуы махмӕ фыццаг хатт",- бафтыдта уый.

Турниры хуыздӕр хъазджытӕ райсдзысты хорзӕхтӕ. Призты хицау бауыдзысты фондз ӕнтыстджындӕр шахматисты - фыццаг ӕртӕ бынаты хицӕуттӕ, хуыздӕр хъазӕг чызджыты хсӕн ӕмӕ хуыздӕр хатдзӕг чи равдиса кӕстӕр кары спортсменты хсӕн, уый.

Хуссар Ирыстоны шахматты федераци арӕзт ӕрцыд 2016 азы. Фӕстаг ӕзты шахматон турниртӕ республикӕйы сарӕх сты – ӕрвылазон сты Гобозты Валерийы номарӕн турнир, Республикӕйы чемпионат ӕмӕ ӕндӕр ерыстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0