Хуссар Иры хицауад баххуыс кодта сӕндуцӕн компанийӕн 17,5 милуан сомы бӕрц

© instagram/vinodelnia_ironsanСӕндуцӕн компани "Иронсӕн"
Сӕндуцӕн компани Иронсӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕрӕзтӕ рахицӕн кодтой инвестицион программӕйы фӕлгӕтты. Компанийӕн ӕхцатӕ рахицӕн кӕныны фӕдыл скъуыддзаг райстой хицауады рабадтыл

ЦХИНВАЛ, 24 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад сфидар кодта сӕндуцӕн компани "Иронсӕн"-ӕн финансон фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕныны фӕдыл барамынды проект, цӕмӕй компани сцалцӕг кӕна электрон дӕлстанц ӕмӕ заводмӕ бацӕуӕн автомобилон фӕндаг, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

"Паддзахадон ӕххуысы лимит инвестицион программӕйы фӕлгӕтты у 17 512 410,00 сомы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Хуссарирыстойнаг сӕндуцӕн компани балхӕдта 20 тонн сӕнӕфсир бынӕттон фермертӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг сӕндуцӕн компани балхӕдта 20 тонн сӕнӕфсир бынӕттон фермертӕй
Премьер-министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Бекъойты Геннадийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕндуцӕн компани "Иронсӕн" йӕхи равдыста куыд ӕнтыстджын инвестицион проект.

"Компанийы продукци зындгонд у куыд республикӕйы территорийыл, афтӕ фӕсарӕнты дӕр. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ахӕм ӕнтыстджын проекттӕн хъӕуы ӕххуыс кӕнын", - загъта Бекъойты Геннадий хицауады рабадтыл.

Сӕндуцӕн компани "Иронсӕн" байгом ис дыууӕ азы размӕ, ӕмӕ у республикӕйы иууыл эфективондӕр инвестпроекттӕй сӕ иу, банысан кодтой хицауады. 2019 азы компани арвыста Уӕрӕсемӕ 755 мин авджы 75 милуан сомы суммӕйыл, 2020 азы та – 1,2 милуан авгӕй фылдӕр 121 милуан сомы бӕрц.

Ног хабӕртты лентӕ
0