Дзабиты Иналы ӕфсымӕрыл уголовон хъуыддаг сӕхгӕдтой - адвокат

© Sputnik / Natalia Airiyan Дзабиты Ацӕмӕз
Дзабиты Ацӕмӕз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уымӕй размӕ хъусын кодтой, Дзабиты Ацӕмӕзы ныхмӕ кӕй бакодтой уголовон хъуыддаг тыхӕй пайда кӕнгӕйӕ исыны тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 25 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дзабиты Иналы (кӕцы амард криминалон милицийы ӕрфарсты фӕстиуӕгӕн) ӕфсымӕр Дзабиты Ацӕмӕзы ныхмӕ уголовон хъуыддаг сӕхгӕдтой, фехъусын кодта Sputnik йӕ адвокат Ирина Елбакидзе.

Цхинвалы дарддӕр цӕуы Дзабиты Иналы бинонты акци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы дарддӕр цӕуы Дзабиты Иналы бинонты акци

Дзабиты Иналы ӕфсымӕры рӕстӕгмӕ ӕрурӕдтой тыхӕй исыны аххосӕй. Бакодтой йыл уголовон хъуыддаг статья "вымогательство с применением насилия"- мӕ гӕсгӕ.

Адвокаты ныхӕстӕм гӕсгӕ, зианбаййафӕг бамбарын кодта Дзабиты Ацӕмӕз кӕй ницы домдта тыхӕй архайгӕйӕ.

"Сгарӕн куысты рӕстӕджы зианбаййафӕг бамбарын кодта, тыхӕй пайда кӕнгӕйӕ Дзабиты лӕппу кӕй нӕ домдта ӕртаг. Уымӕ гӕсгӕ прокурор растыл нӕ банымадта уголовон хъуыддаг адарддӕр кӕнын Дзабиты Ацӕмӕзы ныхмӕ. Уый ма зӕрдыл ӕрӕууын кодта, лӕппу уый размӕ административон бӕрндзинад кӕй хаста ӕмӕ уыд ахст" загъта адвокат.

Августы кӕрон криминалон милицийы бафарстыты фӕстӕ амард Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Инал. Уӕд столицӕйы ацыд митингтӕ, цы ран адӕм домдтой бафхӕрын азымджынты. Кризисы аххосӕй отставкӕйы ацыд хицауад, депутаты иу хай сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕныны куыст ӕрурӕдтой, цалынмӕ генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕной, уӕдмӕ. Лӕппуйы мӕлӕты рӕстаг сгӕрсты домӕнтӕм ӕнӕкӕрон акци уадзынц лӕппуйы ныййарӕг ӕмӕ йе 'мкъай, уыдон фарсмӕ цы адӕм балӕууыдысты, уыдон ӕппынӕдзух сты театралон фӕзуаты.

Ног хабӕртты лентӕ
0