Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 13 ног рынчыны

© AP Photo / Pavel GolovkinКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы, санитарон уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 2219 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй 1411 адӕймаджы сӕнӕниз сты

ЦХИНВАЛ, 24 дек - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы дӕргъы сбӕрӕг кодтой 13 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта майрӕмбоны Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Иу суткӕмӕ сарӕзтам 84 иртӕсты, уыдонӕй 13 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Ивгъуыд суткӕйы медикты хъусдардӕй систой ӕртӕ адӕймаджы, ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 1411 ӕмбӕстаджы", - загъта Гаглойты Анна.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, медикты хъусдарды бын сты 808 адӕймаджы. Пандемийы рӕстӕджы сарӕзтӕуыд 12 878 иртӕсты коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй 2219 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Хуссар Ирыстоны фæрогдæр кодтой коронавирусы фæдыл тæбæтæ. Оперштаб радта бар культурон-массон мадзæлттæ уадзынæн. Хъæууон чысыл скъолаты куыст сног кодтой, уыимæ иумæ карантин ис 15 январьмæ ахуырадон уагдæтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0