Фаронæй къаддӕр: Ленингоры сидзӕрдоны ацӕудзӕн хӕрзаудӕн акцитӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЛенингор
Ленингор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ленингоры сидзӕрдоны директоры ныхӕстӕ гӕсгӕ, ацы аз зынгӕ каддӕр адӕм ӕмӕ организацитӕ равдыстой хъӕппӕрис сывӕллӕттӕн балӕггад кӕныны тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 28 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы уӕвӕг иунӕг сидзӕрдоны хъомылгӕнинӕгтӕ райсдзысты ногазон лӕвӕрттӕ уагдӕттӕ ӕмӕ хицӕн адӕмӕй. Фӕлӕ уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, хӕрзаудӕн акцитӕ бӕрӕгбонмӕ сидзӕрдоны ацы аз ис зынгӕ къаддӕр, фехъусын кодта Sputnik сывӕллӕтты хӕдзары директор Гӕбӕраты Дзерассӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, нырмæ уал сывӕллӕттӕ ногазон лӕвӕрттӕ райстой ахуырады министрадӕй.

"Ӕхсӕнадӕмон хыгъдон банкы разамынад радта сывӕллӕты хӕдзӕры ӕппӕт хъомылгӕнинӕгтӕн адджинӕгты тыхтонтӕ ӕмӕ сӕрмагонд лӕвӕрттӕ тыхст уавӕрты сӕ чи ис, уыдонӕн. Лæвæрттæ сæм фæхæццæ уызысты дыццæджы", - загъта уый.
Цхинвалы районты Ног азмӕ фӕлындынц удӕгас наз бӕлӕстӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы районты Ног азмӕ фӕлындынц удӕгас наз бӕлӕстӕ

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хӕрзаудӕн акци саразыны хъӕппӕрис равдыстой уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ дӕр.

"Арӕнхъахъхъӕнджытӕ та ацы аз дӕр фӕнд кӕнынц ӕрбацӕуын. Хицӕн адӕмы фӕнды балӕггад кӕнын сидзӕр сывӕллӕттӕн, фӕлӕ фароны хуызӕн бирӕ нӕу сӕ нымӕц", - бафтыдта уый.

Ленингоры сывӕллӕтты хӕдзар у иунӕг сидзӕрдон Хуссар Ирыстоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0