Хуссар Иры президент ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй паддзахадон уынаффӕгӕнӕг Джусойты Сосланы

© Sputnik / Natalia AiriyanДжусойты Сослан
Джусойты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент дыццӕджы ауагъта рабадт йӕ уынаффӕгӕнджытӕ ӕмӕ ӕххуысгӕнджытимӕ, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн саргъ кодта Джусойты Сосланы куыстӕн

ЦХИНВАЛ, 29 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй паддзахадон уынаффӕгӕнӕг Джусойты Сосланы, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий саргъ кодта йӕ уынаффӕгӕнджытӕ ӕмӕ ӕххуысгӕнджыты куыстӕн рабадты рӕстӕджы.

"Президент банысан кодта паддзахадон уынаффӕгӕнӕг Джусойты Сосланы ӕнӕфӕстиуӕгджын куыст. Джусойты Сослан куысты рӕстӕджы нӕ бавдыста уынаффӕтӕ, докладон фыстӕджытӕ ӕмӕ ӕндӕр документтӕ, кӕцытӕ хауынц йӕ хӕслӕвӕрдтӕм", - дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.

Нысангонд ӕрцыд, Джусойты Сосланы архайды фадыг кӕй уыд Хуссар Ирыстоны экономикон райрӕзты фарстытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0