Хуссар Ирмӕ сараздзысты фӕстауӕрцон электрондыхы хахх

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирмӕ сараздзысты фӕстауӕрцон электрондыхы хахх
Хуссар Ирмӕ сараздзысты фӕстауӕрцон электрондыхы хахх - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног хахх цӕудзӕн Ручъы тоннелы уылты, йӕ арӕзтады фӕуд нысангонд у рбалӕугӕ азы фӕззӕгмӕ

ЦХИНВАЛ, 31 дек - Sputnik. 2021 азы кӕронмӕ арӕзт ӕрцӕудзӕн Хуссар Ирыстонмӕ  фӕстауӕрцон электрохахх. Арӕзтады нысанӕн Инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты хиуӕн ӕрцӕудзӕн ӕмткӕй 200 милуан сомы, уый тыххӕй фехъусын кодта президент Бибылты Анатолий йӕ пресс-конференцийы рӕстӕджы Цхинвалы.

Ручъы тоннель - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирӕн уӕлӕмхасӕн электрондыхы хаххы фӕдыл бадзырд бахызт йӕ тыхы

"Аразджытӕ ныфс дӕттынц куыстытӕ балхынцъ кӕнын 2021 азы октябрьмӕ. Фӕстауӕрцон электрохахх цӕудзӕн Ручъы тоннелыл ӕмӕ республикӕйы суыдзӕн электроэнерги ӕдасдзинады ӕууӕл", - загъта президент.

Бибылты Анатолий ма фестауӕрцон хаххы ӕнӕмӕнхъӕуӕгдзинадыл дзургӕйӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта Хуссар Ирыстон дӕргъвӕтин рӕстӕг зымӕджы куы баззад ӕнӕ рухсӕй линийыл аварийы тыххӕй.

Уыимӕ иумӕ ма паддзахады разамонӕг бафиппайдта, фарст кӕй фӕстиад кӕны парламент бюджет кӕй нӕ исы, уый аххосӕй.

Ӕртыццӕджы изӕр ацыд Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы пресс-конференци. Паддзахады разамонӕджы фембӕлды журналисттимӕ дзырд цыд сӕвзӕргӕ вазыгджын политикон уавӕрыл, коронавирусы инфекци ӕмӕ йӕ фӕстиуджытыл, республикӕйы размынады ивындзинӕдтӕ ӕмӕ экономикон фарстытыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0