Митуардмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ Транскам кусы штатон режимы - УУМ

© МЧС РЮОТранскам
Транскам  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Транскамыл уары мит, фӕлӕ фӕндагон службӕтӕ сӕ хъус дарынц фӕндаджы уавӕрмӕ, фехъусын кодтой Уӕлвӕткон министрады

ЦХИНВАЛ, 11 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн иунӕг фӕндаг кусы штатон режимы митуардмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, фехъусын кодта Sputnik РХИ уӕлвӕткон уавӕрты министрады пресс-секретарь Тедеты Роза.

Хуыцаубоны изӕры Хуссар Ирыстоны фӕивта боныгъӕд, уары къӕвда, хӕхты та мит.

"Боныгъӕд фӕивта Транскамы дӕр. Райсом иуӕндӕс сахатӕй фӕстӕмӕ автомагистралыл уары мит. Ӕвзӕр боныгъӕдмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, фӕндаг кусы штатон режимы", - загъта Тедеты Роза.

Уый ма бафтыдта, фӕндагон службӕтӕ сӕ хъус дарынц магистралы уавӕрмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0