Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта мӕскуыйаг университеты ректоры

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæМӕскуыйаг паддзахадон юридикон университеты ректор Виктор Блажеев
Мӕскуыйаг паддзахадон юридикон университеты ректор Виктор Блажеев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Виктор Блажеевӕн хорзӕх радтӕуыд адӕмты хсӕн ӕмгуыстадон ӕмӕ хӕларадон ахастытӕ райынг кӕнынмӕ йӕ хайбавӕрды тыххӕй, афтӕ ма Хуссар Ирыстонӕн бӕрзондквалификацион кадртӕ бацӕттӕ кӕныны хъуыддаджы ӕххуысы тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 11 янв — Sputnik. Хуссар Иры президент Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта О.Е. Кутафины номыл Мӕскуыйаг паддзахадон юридикон университеты ректор Виктор Блажеевы Кады Орденӕй йӕ 60-азон юбилейы цытӕн.

Паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Виктор Блажеевӕн хорзӕх радтӕуыд адӕмты хсӕн ӕмгуыстадон ӕмӕ хӕларадон ахастытӕ райынг кӕнынмӕ йӕ хайбавӕрды тыххӕй, афтӕ ма Хуссар Ирыстонӕн бӕрзондквалификацион кадртӕ бацӕттӕ кӕныны хъуыддаджы ӕххуысы тыххӕй.

"Адӕмты хсӕн ӕмгуыстадон ӕмӕ хӕларадон ахастытӕ райынг кӕнынмӕ йӕ хайбавӕрды тыххӕй, Хуссар Ирыстонӕн бӕрзондквалификацион кадртӕ бацӕттӕ кӕныны хъуыддаджы ӕххуысы тыххӕй, афтӕ ма йӕ 60-азон юбилейы цытӕн Кады Орденӕй схорзӕхджын кӕнын Блажеев Виктор Владимиры фырты - О.Е. Кутафины номыл Мӕскуыйаг паддзахадон юридикон университеты ректоры", - дзырдӕуы хъусинаджы.

ХИПУ ӕмӕ Мӕскуыйаг паддзахадон юридикон университет бафыстой бадзырд академион ӕмӕ зонадон ӕмгуыстады фӕдыл 2018 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0