Цхинвалы фӕсивӕд уадзынц акци "Нӕй - ӕххормагӕн"

© Sputnik / Плиты Фатимӕ Акци "Нӕй - ӕххормагӕн"
Акци Нӕй - ӕххормагӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕрзгӕнджытӕм нырма уадиссан бирӕ адӕм нӕ цӕуы - акцийы тыххӕй бирӕтӕ нӕ зонынц, фӕлӕ сӕм, активистты ныхӕстӕм гӕсгӕ, арӕх фӕуазӕг вӕййынц ӕртӕ карджын лӕджы

ЦХИНВАЛ, 12 янв – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Фӕсивӕдон организаци "Ныхас"-ы активисттӕ Карсанты Семён ӕмӕ Матвеев Александр уадзынц хӕрзаудӕн акци "Нет голоду", кӕцыйы фӕлгӕтты ӕнӕарӕгъ аходӕнтӕ кӕнынц ӕххуысхъуаг иунӕг адӕмӕн. 

Акци цӕуы ныр мӕйы дӕргъы Цхинвалы кафетӕй иуы фӕзуатыл.

"Уавӕр хуымӕтӕг нӕу, кӕмӕн куыст нӕй, чи та ис тыхст уавӕрты  ӕмӕ мах ахъуыды кодтам ӕнӕарӕгъ аходӕнтӕ аразын ӕмӕ сӕ тыхст адӕмӕн семӕ дӕттын. Нырма нӕм бирӕ адӕм нӕй, стӕй йӕ цӕрджытӕ дӕр уадиссаг нырма нӕ зонынц. Арӕх нӕм фӕуазӕг вӕййынц ӕртӕ карджын лӕджы", - загъта Sputnik Матвеев Александр.

Уый ма баныфсӕвӕрдта, сӕ акци фидӕны дӕр ӕхгӕнынмӕ кӕй нӕ хъавынц.

Уымӕй размӕ, Хуссар Ирыстоны коронавирусы аххосӕй карз тобӕтӕ куы архайдта, уӕд Цхинвалы кафетӕй ӕндӕр фехъусын кодта ӕнӕарӕгъ аходӕнты тыххӕй.  Столицӕйы кӕцыдӕр дуканиты архайдтой ӕнӕаргъ хӕлцады уӕлтӕрхджытӕ - "Лавки доброты", цы ран тыхст адӕмӕн сӕ бон уыд райсын продукттӕ. 

Афт ма цалдӕр азы размӕ Хуссар Ирыстоны Алайнаг епархи дӕр сцӕттӕ кодта аходӕнтӕ ӕрвыл сабат уӕззау уавӕрты цӕрӕг адӕмӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0