Хуссар Иры финансты министрыл бахӕцыд коронавирус

© Sputnik / Natalia Airiyan Хӕбӕлаты Аза
 Хӕбӕлаты Аза - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уымӕй размӕ, COVID-19-ӕй фӕрынчын сты президент Бибылты Анатолий, парламенты спикер Тадтаты Алан, хицауады сӕрдары хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Бекъойты Геннадий ӕмӕ ӕндӕр бӕрнон кусджытӕ

ЦХИНВАЛ, 13 янв – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны финансты министр Хӕбӕлаты Азайыл бахӕцыд коронавирус. Диагноз COVID-19 сбӕлвырд кодта тест. Уый тыххӕй фехъусын кодтой Sputnik хицауады пресс-службӕйы.

Уый аххосӕй министр ахызт куысты дистанцион форматмӕ.

"Министр ис хӕдзары, низы симптомтӕ йын кӕй ис, уый аххосӕй. Хицауадимӕ йын бастдзинад ис видеокоммуникациты руаджы", - хъусын кӕны министры ныхӕстӕ пресс-службӕ.

Уымӕй размӕ, COVID-19-ӕй фӕрынчын сты президент Бибылты Анатолий, парламенты спикер Тадтаты Алан, хицауады сӕрдары хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Бекъойты Геннадий ӕмӕ ӕндӕр бӕрнон кусджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0