Хуссар Иры УУМ фехъусын кодтой Транскамы уавӕры тыххӕй

© SputnikТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Транскавказаг автомагистраль ныр ӕртыккаг бон у ӕхгӕд. Уагдоны информацимӕ гӕсгӕ, изӕрмӕ фӕндаг гӕнӕн ис бакӕной

ЦХИНВАЛ, 19 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Транскавказаг автомагистраль, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсе, у ӕхгӕд. Фӕлӕ фӕндаг гӕнӕн ис бакӕной абон, фехъусын кодта Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон хайады хистӕр Зӕгъойты Важа.

"Райсом мах бадзырдтам нӕ цӕгӕтирыстойнаг коллегӕтӕм, ӕмӕ уыдон загътой, абон фӕндаг гӕнӕн ис кӕй бакӕной. Цӕгаттаг порталыл мит нал уары, Ручъы хъӕуы та ӕруарыд 80 сантиметры бӕрц мит", - загъта Зӕгъойты Важа.

Транскавказаг автомагистралыл фӕндагон змӕлд ӕрурӕдтой хуыцаубоны митуард ӕмӕ зӕйтӕ 'рцӕуыны тасы тыххӕй.

Транскавказаг автомагистраль — иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0