Цхинвал ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы зарӕггӕнджытӕ радтой концерт Къуаисайы

© Пресс-служба Дзауского районаЦхинвал ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы зарӕггӕнджытӕ радтой концерт Къуаисайы
Цхинвал ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы зарӕггӕнджытӕ радтой концерт Къуаисайы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Концерты ралӕууыдысты Хаситы Сослан, Хъӕбӕлоты Руслан, Саппиаты Зӕлинӕ, Багаты Шота ӕмӕ ӕндӕр стъалытӕ

ЦХИНВАЛ, 19 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы центры ацыд концерт Ирыстоны дыууӕ хайы зындгонд артистты хайадистӕй, фехъусын кодта Sputnik районы пресс-службӕйы кусӕг Тедеты Лиана.

Концерты ралӕууыдысты Хаситы Сослан, Хъӕбӕлоты Руслан, Саппиаты Зӕлинӕ, Багаты Шота ӕмӕ ӕндӕр стъалытӕ.

"Горӕт Къуайсайы Дзауы районы разамынад сарӕзта бӕрӕгбонон концерт. Ам ралӕууыдысты Цӕгат ӕмӕ Хуссар Иры зындгонд зарӕггӕнджытӕ. Кӕсджытӕ бирӕ рӕстӕг нӕ уагътой артистты сценӕйӕ", - загъта уый. 

Пресс-службӕйы ма бафтыдтой, горӕты цӕрджытӕн ацӕугӕ бӕрӕгбӕтты цытӕн кӕй раарфӕ кодтой районы разамынды минӕвӕрттӕ ӕмӕ Къуаисайы мэр Бӕззаты Геннадий.

© Пресс-служба Дзауского районаЦхинвал ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы зарӕггӕнджытӕ радтой концерт Къуаисайы
Цхинвал ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы зарӕггӕнджытӕ радтой концерт Къуаисайы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвал ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы зарӕггӕнджытӕ радтой концерт Къуаисайы
Ног хабӕртты лентӕ
0