Къуайсайы ЦКХ сыгъдӕг кӕны фӕндӕгтӕ митуарды фӕстӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Хӕххон курорт Цъон
Хӕххон курорт Цъон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къуайсайы ЦКХ кусджытӕ сыгъдӕг кӕнынц фӕндӕгтӕ, афтӕ ма техникӕ арвыстой хӕххон курорт Цъонмӕ дӕр

ЦХИНВАЛ, 22 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы митуарды аххосӕй горӕт Къуайса ӕмӕ ӕввахс хъӕуты фӕндӕгтӕ бамбӕрзта мит.

Къуайсайы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады (ЦКХ) хистӕр Хуыгаты Алан куыд фехъусын кодта Sputnik, афтӕмӕй Къуайсайы ӕруарыд 30 сантиметры бӕрц мит, хъӕуты та ӕруарыд 60 сантиметры бӕрц. Ныртӕккӕ ЦКХ кусджытӕ сыгъдӕг кӕнынц фӕндӕгтӕ митӕй.

"Мах ӕрбаздахтам ӕппӕт техникӕ мит ссыгъдӕг кӕнынмӕ. Кусджытӕ ныридӕгӕн ссыгъдӕг кодтой фӕндӕгтӕ Киров, Надарваз, Замтарет, Ӕхсарджын, Хӕрдысӕр, Гулиантӕ ӕмӕ Кӕсагджыны хъӕуы", - загъта Хуыгаты Алан.

Уый бафтыдта, зӕгъгӕ, фӕндӕгтӕ горӕт Къуайсайы ныридӕгӕн ссыгъдӕг кодтой. Афтӕ ма фӕндӕгтӕ ссыгъдӕг кӕндзысты Кърозы хъӕуы.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Къуайсайы ЦКХ арвыста техникӕ хӕххон курорт Цъонмӕ дӕр, кӕцы бакӕндзысты 23 январы.

Ног хабӕртты лентӕ
0