ЦХИНВАЛ, 1 фев - Sputnik. Цхинвалы алкӕцы скъолайы дӕр Хуссар Ирыстоны уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ) ӕмӕ прокуратурӕйы басгӕрсты рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой зынгсирвӕзты ӕдасдзинады домӕнты фехӕлдтӕ, хъусын кӕны гепрокуратурӕйы пресс-службӕ.
"Зынгсирвӕзты фӕдыл автоматикон сигнализаци ӕмӕ зынгсиврӕзты тыххӕй хъусын кӕныны системӕ нӕ кусынц", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Цхинвалы прокуратурӕ барвыста куырдиат республикӕйы Ахуырады министрадмӕ, цӕмӕй аиуварс кӕной зынгсирвӕзты ӕдасдзинады фӕдыл домӕнты фехӕлдтӕ ахуырадон уагдӕтты.
Министрад сарӕзта паддзахадон программӕ "Ахуырадон организацийы ӕдасдзинад"-ы проект, кӕцы у цыппар азмӕ. Горӕты скъолатӕй сӕ иуы ныридӕгӕн сӕвӕрдтой видеоцӕстдарды системӕ, ӕввахс рӕстӕджы та райдайдзысты ӕвӕрын зынгсирвӕзты ӕдасдзинады фӕдыл системӕ.