Хуссар Иры иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой 21 ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Мигель Кандела /  Ахизын медиабанкмæ Тест
 Тест - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.02.2021
Рафыссын
Пандемийы райдианӕй республикӕйы коронавирусӕй фӕрынчын сты 2 821 адӕймаджы, сарӕзтӕуыд 15 мин тестӕй фылдӕр. банысан кодтой "Югосетпотребнадзор"-ы

ЦХИНВАЛ, 2 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы коронавирусӕй фӕрынчын сты 21 адӕймаджы. Медикты хъусдардӕй та республикӕйы систой 12 пациенты, фехъусын кодта Sputnik "Югосетпотребнадзор"-ы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Сарӕзтӕуыд 119 тесты, уыдонӕй 21 равдыстой низы уӕвынад. Пандемийы райдианӕй ӕдӕппӕт сарӕзтам 15 952 тесты, уыдонӕй 2 821 уыд ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта уый.

Дохтырты хъусдарды бын абоны онг сты 809 адӕймаджы, бафтыдта Гаглойты Анна. Низы фӕзындӕй фӕстӕмӕ республикӕйы медицинон уагдӕттӕй рафыстой 2012 сӕнӕнизуӕвӕджы.

Хуссар Ирыстоны январы æмбистæй фæрогдæр кодтой коронавирусы апарахат æруромыны фæдыл тобæтæ. Куысты æрвылбонон режиммæ рахызтысты министрæдтæ æмæ организацитæ, уыдон нымæцы ахуырадон уагдæттæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0