Сырх Дзуары миссийы сӕрдар ӕрдзырдта МХМ къухдариуӕгадимӕ ахӕстты уавӕрты фӕдыл

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæРӕстӕгмӕдарӕн изолятор
Рӕстӕгмӕдарӕн изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.02.2021
Рафыссын
Афтӕ ма дзырд цыд ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы хъысмӕт базоныны фарстыл. Фембӕлды хайадисджытӕ бадзырдтой дарддӕр ӕмгуыстад кӕнын

ЦХИНВАЛ, 4 фев - Sputnik. Мидхъуыддӕгты министры х.ӕ. Пухаты Мераб ӕмӕ республикӕйы Сырх Дзуары ӕхсӕнадӕмон комитеты минӕварады сӕргълӕууӕг Кармен Эчесаррет ӕрдзырдтой Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) рӕстӕгмӕдарӕн изоляторы ахӕстты уавӕрыл, афтӕ ма гоймӕгты хъысмӕтыл, кӕцытӕ ӕбӕрӕгӕй фесӕфтысты Гуырдзыстонимӕ хӕсты рӕстӕджы. Уый тыххӕй фехъусын кодта МХМ пресс-службӕ.

"Фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдтой гоймӕгты хъысмӕт базоныныл, кӕцытӕ ӕбӕрӕгӕй фесӕфтысты Гуырдзыстонимӕ хӕсты рӕстӕджы. Афтӕ ма ӕрдзырдтой фарстытыл, кӕцытӕ хауынц МХМ рӕстӕгмӕдарӕн изоляторы ахӕстты уавӕртӕм", - радзырдтой уагдоны.
© МВД РЮОСырх Дзуары миссийы сӕрдар ӕрдзырдта МХМ къухдариуӕгадимӕ ахӕстты уавӕрты фӕдыл
Сырх Дзуары миссийы сӕрдар ӕрдзырдта МХМ къухдариуӕгадимӕ ахӕстты уавӕрты фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.02.2021
Сырх Дзуары миссийы сӕрдар ӕрдзырдта МХМ къухдариуӕгадимӕ ахӕстты уавӕрты фӕдыл

Фембӕлды ма хайад райста рӕстӕгмӕдарӕн изоляторы хистӕры х.ӕ. Гӕззаты Сослан.

Кармен Эчесаррет баныфсӕвӕрдта, Сырх Дзуары мисси ӕмӕ республикӕйы МХМ дарддӕр дӕр пайдаджын ӕмгуыстад кӕй кӕндзысты.

Фембӕлды хайадисджытӕ бадзырдтой ӕмгуыстад кӕнын Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады уылты.

Ног хабӕртты лентӕ
0