Фӕткмӕ ӕркӕнынӕн: Цъоны курорты ивынц улӕфыны уавӕртӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Цъон
Цъон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.02.2021
Рафыссын
Улӕфӕн курорты фысымтӕй иу Плиты Вадимы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы ивындзинӕдты фӕрцы ивгъуыд къуырийы кӕрон ам ӕмбӕлон уагыл цыд курорты куыст

ЦХИНВАЛ, 8 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны иунӕг къахдзоныгътыл бырӕн трассӕйы стартон фӕзуатмӕ ратракыл ссӕуынӕн хъӕуы билет. Ивындзинӕдтӕ ӕрцыдысты улӕфӕн бынаты куыст фӕткмӕ ӕркӕнынӕн, фехъусын кодта Sputnik туризмы хайады разамонӕг Плиты Вадим.

"Ратракыл стартон фӕзуатмӕ ссӕуынӕн билет ныр у 50 сомы. Фыццаг рады ацы ивындзинӕдтӕ бандавдзысты курорты куыст фӕткмӕ ӕркӕныныл. Ӕнӕаргъæй адӕм радты сӕртыл хызтысты, ныр сын сарӕзтой сӕрмагонд бацӕуӕн", - загъта уый.

Уый ма бафтыдта, Цъоны улӕфӕндоны хӕрдзтӕ кӕй сты егъау.

Цъоны æртыккаг сезон: куыд кусы Хуссар Иры къахдзоныгътыл бырæн иунæг курорт - видео - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.01.2021
Цъоны æртыккаг сезон: куыд кусы Хуссар Иры къахдзоныгътыл бырæн иунæг курорт - видео

"Ӕрмӕст ӕртаджы хӕрдзтӕ сты иу боны 120 литры бӕрц, хуымӕтӕг хӕйттӕй иу лӕууы 50 мин, стӕй ацы траспорты нысан у бырӕн фӕзуат ныннӕмын, фӕлӕ уый та ласы 50 адӕймаджы бӕрц, уымӕ гӕсгӕ арӕх фехӕлы", - бафтыдта уый.

Плиты Вадим ма бафиппайдта, кӕй фӕнд кӕнынц самал кӕнынын прокаты ифтонгад дӕр.

"Ныридӕгӕн ис ӕрмӕст 50 къахдзоныгъы прокат, уыдон не 'хӕссынц улӕфджытыл, уымӕн ӕмӕ стӕмтӕ цӕуынц сӕхи ифтонгадимӕ",- загъта туризмы хайады разамонӕг.

Хуссар Ирыстоны иунӕг къахдзоныгътыл бырӕн трассӕ "Цъон"-ы ацы аз  баххӕст кодтой ногдзинӕдтӕй -  цатырты бӕсты Цъоны ӕвӕрд ӕрцыд ӕдзухон хъармгӕнӕн пункт 54 квадратон метры бӕрц. Ногдзинӕдтӕм ма бахӕссӕн ис уый дӕр, ӕмӕ трассӕ ныр иу ахӕм кӕй фӕдаргъдӕр ис. Кӕд раздӕр йӕ дӕргъ уыд 900 метры, уӕд ныр та у 2 км.

Цъоны хъæу æвæрд у 1700 метры денджызы æмвæзадæй бæрзонддæр. Фæндаг æм цæуы хæрзвадат трассæ Цхинвал-Гуфта-Къуаисайыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0