Хуссар Иры хъӕутӕй сӕ иуы ссардтой минӕтӕ. Уыдон скуынӕг кодтой бынаты – МХМ

© МВД РЮОХуссар Иры хъӕутӕй сӕ иуы ссардтой минӕтӕ
Хуссар Иры хъӕутӕй сӕ иуы ссардтой минӕтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.02.2021
Рафыссын
Минометы дыууӕ нӕмыджы ссардтой Присы хъӕуы. Барадхъахъхъӕнӕг уагдоны ӕнхъӕлынц, уыдон кӕй баззадысты 2008 азы августы хӕсты фӕстӕ

ЦХИНВАЛ, 11 фев — Sputnik. Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорд (МСНК) ӕмӕ Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) сапертӕ скуынӕг кодтой минӕтӕ, кӕцытӕ ссардтой Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ ссардтой Присы хъӕуы цур.

"Цауы бынатмӕ ацыдысты МХМ фӕдагуырды-оперативон къорд ӕмӕ МСНК ӕмӕ УУМ саперон къордтӕ. Уыдон ссардтой минометы дыууӕ нӕмыджы, кӕцытӕ, ӕвӕцццӕгӕн, баззадысты 2008 азы хӕсты фӕстӕ", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

Уагдоны бафтыдтой, саперон къордтӕ минӕтӕ кӕй скуынӕг кодтой бынаты.

Ног хабӕртты лентӕ
0