Транскамы хъавынц ӕрӕвналын зӕйтӕ фехсынмӕ: трассӕ нырма у ӕхгӕд

© Sputnik / Владимир Иванов /  Ахизын медиабанкмæТранскамы хъавынц зӕйтӕ фехсын
Транскамы хъавынц зӕйтӕ фехсын - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.02.2021
Рафыссын
Транскамы автомагистралыл фӕндагон змӕлд тобӕгонд у ӕртыккаг суткӕ - трассӕ сӕхгӕдтой 15 февралы стыр митуарды фӕстиуӕгӕн

ЦХИНВАЛ, 18 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Транскавказы автомагистралы зӕйты ныхмӕ службӕтӕ сӕхи цӕттӕ кӕнынц зӕйтӕ рауадзынмӕ, кӕд хӕхты боныгъӕд нӕ фӕива, уӕд, фехъусын кодтой Sputnik УУМ радгӕсон службӕйы.

Транскамы мит уары цалдӕр боны, трассӕгӕрон уый бӕрзӕнд ахызт иу метр ӕмӕ ӕрдӕгӕй.

"Ныридӕгӕн ис хорз боныгъӕд. Кӕд нӕ февзӕр уа, уӕд сӕрмагонд ифтонгады фӕрцы руадздзысты зӕйтӕ ӕмӕ сӕ расыгъдӕг кӕндзысты. Техникӕ ис бынаты ӕмӕ у цӕттӕ", - загътой уым.

Уагдоны рагзагъдӕй не сбӕлвырд кодтой, кӕд бакӕндзысты фӕндаг, уый.

Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.02.2021
Боныгъӕд нӕ дӕтты фадат Транскам ссыгъдӕг кӕнынӕн: трассӕ ӕхгӕд у ӕртыккаг суткӕ

Транскамы автомагистралыл фӕндагон змӕлд тобӕгонд у ӕртыккаг суткӕ - трассӕ сӕхгӕдтой 15 февралы стыр митуарды фӕстиуӕгӕн.

Транскавказаг автомагистраль - бӕрзондхӕххон иунӕг трассӕ, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндагыл арӕх фӕзынынц зындзинӕдтӕ митуард ӕмӕ зӕйты тыххӕй. Арӕх республикӕ фӕиппӕрд вӕййы ӕнӕхъӕн дунейӕ цалдӕр бонмӕ зӕйты ӕрцыды аххосӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0