Цхинвалы зынгсирвӕзты бинонты фервӕзынгӕнӕг милиционер радзырдта бӕллӕхы тыххӕй

© МВД РЮОЗынгсирвӕзт Цхинвалы
Зынгсирвӕзт Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.02.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕртыццӕджы басыгъд фатер бирӕуӕладзыгон хӕдзары. Цауы рӕстӕджы уым уыдысты нӕлгоймаг ӕмӕ йӕ хъӕбулы хъӕбултӕ ӕртӕйӕ

ЦХИНВАЛ, 18 фев - Sputnik. Цхинвалы мидхъуыддӕгты министрады хайады радзырдтой, ӕртыццӕджы столицӕйы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕй иуы цы зынгсирвӕзт ӕрцыд, уый лыстӕг хӕйтты тыххӕй.

© МВД РЮОТедеты Сослан ӕмӕ Коцты Азӕмӕт
Цхинвалы зынгсирвӕзты бинонты фервӕзынгӕнӕг милиционер радзырдта бӕллӕхы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.02.2021
Тедеты Сослан ӕмӕ Коцты Азӕмӕт

МХМ пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй ӕнамонд хабары тыххӕй хъусинаг радгӕсон хайадмӕ бацыд 17 февралы райсом цыппар сахатмӕ ӕввахс. Фадыгон милиционер Тедеты Сослан йӕ коллегӕтимӕ ӕвӕстиатӕй атындзыдтой цауы бынатмӕ ӕмӕ ӕххуыс кодтой УУМ зингфӕдисонтӕн.

"Хӕдзары бахизӕны уыд тынг фӕздӕг, зынгхуыссынгӕнджытӕ тох кодтой зынгимӕ ӕмӕ архайдтой, цӕмӕй арт ма ахиза иннӕ фатертӕм. Мемӕ уыд ме 'мкусӕг Коцты Азӕмӕт, фӕлӕ мын цыдӕр рӕстӕджы айсӕфт", - дзуры Тедеты Сослан.

Фӕстӕдӕр рабӕрӕг, Коцты Азӕмӕт кӕй азгъорста бирӕуӕладзыгон хӕдзары иннӕ бахизӕнмӕ, цӕмӕй сыхӕгты уылты бахиза судзгӕ фатермӕ, цы ран уыдысты ӕртӕ ӕнахъом лӕппуйы сӕ дадаимӕ.

Цхинвалы басыгъд фатер бирæуæладзыгон хæдзары - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.02.2021
Цхинвалы басыгъд фатер бирæуæладзыгон хæдзары

"Дуар бахостон ӕмӕ мӕм ракаст ацӕргӕ сылгоймаг. Бахатыдтӕн ӕм, цӕмӕй мӕ бауадза. Уыцы рӕстӕджы судзгӕ фатерӕй лӕг дӕр ӕртӕ сывӕллонимӕ балконмӕ ралыгъдысты - фатеры гуылфӕн кодта арт. Баххуыс сын кодтон сыхаджы балконмӕ рахизынӕй, стӕй сӕ акодтон ӕдас бынатмӕ. Мӕ бынаты алчидӕр афтӕ бакодтаид", - радзырдта Коцты Азӕмӕт.

Зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой арт, фӕлӕ фатер уӕдмӕ цъыбыртты сыгъд бацис. Ныртӕккӕ бӕлвырд цӕуынц ӕнамонд цауы аххосӕгтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0