Ранӕй-рӕтты их: УУМ радзырдтой Транскамы уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.02.2021
Рафыссын
Къуырийы райдайӕны Транскавказы автомагистралыл ныууарыд бирӕ мит, ӕртӕ суткӕйы трассӕ уыд ӕхгӕд. Фӕндаг бакодтой цыппӕрӕмы изӕры

ЦХИНВАЛ, 20 фев – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн трассӕ гом у фӕндагон змӕлдӕн траспорты ӕппӕт хуызтӕн дӕр, фӕлӕ дзы кӕцыдӕр фадгуытыл ис их бынӕттӕ. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта уӕлвӕткон уавӕрты министрады радгӕсон службӕйы сменӕйы хистӕр, дӕлбулкъон Зӕгъойты Важа.

Къуырийы райдайӕны Транскавказы автомагистралыл ныууарыд бирӕ мит, ӕртӕ суткӕйы трассӕ уыд ӕхгӕд. Фӕндаг бакодтой цыппӕрӕмы изӕры.

"Фӕндаг у гом транспорты ӕппӕт хуызтӕн, ӕрмӕст кӕцыдӕр фадгуытыл трассӕйы уӕлцъар у их, дысон чысыл мит кӕй рауарыд, уый аххосӕй", - радзырдта УУМ минӕвар.

Уый ма банысан кодта, фӕндаг сӕхгӕнынӕй нырма тас кӕй нӕу.

Транскавказаг автомагистраль - бӕрзондхӕххон иунӕг трассӕ, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндагыл арӕх фӕзынынц зындзинӕдтӕ митуард ӕмӕ зӕйты тыххӕй. Арӕх республикӕ фӕиппӕрд вӕййы ӕнӕхъӕн дунейӕ цалдӕр бонмӕ зӕйты ӕрцыды аххосӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0