Уӕрӕсейаг разӕсгарджытӕ рахызтысты сӕрмагонд ахуыртӕм Хуссар Иры хӕхты

© ЮВО РФ Разӕсгарӕг
Разӕсгарӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.03.2021
Рафыссын
Ахуыртӕ уагъд цӕуынц хӕххон полигон "Дзарцъем"-ы, хайад сӕ исынц 200 ӕфсӕддоны ӕмӕ 40 иуӕджы та сӕрмагонд техникӕ ӕмӕ хӕцӕнгарз

ЦХИНВАЛ, 10 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны райдыдтой сӕрмагонд ахуыртӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы разысгарджытӕн. Хӕххон полигон "Дзарцъем"-ы уыдон бакусдзысты знаджы раз бабадын, бабырсын, ӕмӕ нырыккон техникон фадӕтты руаджы информаци ӕмбырд кӕныныл, фехъусын кодта ӕртыццӕджы Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕйы сӕргълӕууӕг Вадим Астафьев.

Тактикон ахуыртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.07.2020
Хуссар Иры разӕсгарджытӕ равдыстой сӕ арӕхстдзинад БТР-тӕ скъӕрын ӕмӕ ӕхсынӕй

"Ахуырты рӕстӕджы ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ фӕбӕрзонд кӕндзысты сӕ фӕлтӕрддзинад разӕсгарӕн мадзӕлтты, условон ныхмӕлӕууӕджы коммуникацитӕ сӕнӕзианхъом кӕныныл. Афтӕ ма уыдон архайдзысты райсын информаци "знаджы" дӕлхайӕдты бынӕтты тыххӕй", - радзырдта уый.

Уымӕй дарддӕр ма базӕйы службӕгӕнджытӕ сорганизаци кӕндзысты засадӕтӕ, бабырсттӕ, спайда кӕндзысты радиолокацион станцтӕй СБР-5 ӕмӕ ПСНР-8, афтӕ ма ӕнӕпилотон тӕхгӕ аппараттӕй.

Зылды минӕвар ма бахахх кодта, мадзалы хайад кӕй исынц 200 ӕфсӕддоны ӕмӕ 40 иуӕджы та сӕрмагонд техникӕ ӕмӕ хӕцӕнгарз.

Ног хабӕртты лентӕ
0