Мит нал уары, фæлæ Транскам нырма у æхгæд - Хуссар Иры УУМ

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.03.2021
Рафыссын
Транскавказаг автомагистраль сæхгæдтой фæндагон змæлдæн дыццæджы æхсæвы республикæйы хæххон районты тыхджын митуарды тыххæй

ЦХИНВАЛ, 18 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Азæмæт. Транскавказаг автомагистралыл цыппæрæмы райсом мит æрлæууыд йæ уарынæй, фæлæ фæндаг бакæныныл нырма дзырд нæ цæуы, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны УУМ радгæсон хайады.

Зӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.03.2021
Ирыстоны хӕхты ис зӕйтӕ ‘рцӕуыны тас

"Ныртæккæ мит нал уары куыд хуссар, афтæ цæгаттаг фадыгыл дæр, фæлæ хæхты боныгъæд ивы алы фондз минуты дæр. Зæйты ныхмæ службæтæ хъуамæ басгарой фæндаджы уавæр, рафæлгъауой зæйты æрцыдæй тæссаг бынæттæ. Фæндаг кæд бакæндзæн, уый баст у боныгъæдыл", - радзырдтой уæлвæткон министрады.

Уагдоны ма бафтыдтой, Транскамы мит кæй æруарыд 10-15 сантиметры бæрзæндæн.

Транскавказаг автомагистраль сæхгæдтой фæндагон змæлдæн дыццæджы æхсæвы республикæйы хæххон районты тыхджын митуарды тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0