Хуссар Иры нӕ ацыд парламенты президиумы рабадт

© Sputnik / Natalia Airiyan РХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.04.2021
Рафыссын
Дыццӕджы нывӕндысты ӕркӕсын Хуссар Ирыстоны ног генералон прокуроры снысан кӕныны фарстмӕ

ЦХИНВАЛ, 6 апр - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны нӕ ацыд парламенты президиумы рабадт. Депутатты хай ацыд рабадтыты залӕй закондӕттӕг орган цы документмӕ (регламент) гӕсгӕ кусы, уый фӕдыл дискусситы фӕстӕ.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.04.2021
Хуссар Иры парламент ӕркӕсдзӕн генпрокуроры кандидатурӕмӕ сессийыл дыццӕджы

Президиумы рабадтыл, стӕй та сессийыл, нывӕндысты ӕркӕсын президенты дыууӕ куырдиатмӕ – ныры генпрокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы ссӕрибар кӕнын йӕ бынатӕй ӕмӕ ӕркӕсын Виталий Савченкойы кандидатурӕмӕ ацы бынатмӕ.

Рабадты размӕ депутат Мулдарты Гарри бадзырдта спикермӕ, зӕгъгӕ, цы регламентӕй архайы закондӕттӕг орган рабадтыты рӕстӕджы. Спикер Тадтаты Алан банысан кодта, парламенты фӕдыл конституцион закон ӕмӕ регламент райсыны размӕ, депутаттӕ сӕ куысты рӕстӕджы архайдзысты Конституци ӕмӕ 1995 азы регламенты уагӕвӕрдтӕй.

Цыбыр хъаугъайы фӕстӕ "Иугонд Ирыстон"-ы депутаттӕ ацыдысты рабадтыты залӕй.

Президент Бибылты Анатолий 26 марты банхъардта парламентмӕ Виталий Савченкойы кандидатурӕ Хуссар Ирыстоны генералон прокуроры бынатмӕ, уымӕн ӕмӕ генпрокуратурӕйы ныры сӕргълӕууӕджы куысты ӕмгъуыд фӕуд кӕны апрелы. Депутаттӕн фарстмӕ ӕркӕсынӕн ис 10 боны (6 апрелы онг). Дӕс парламентон комитетӕй авд хорзыл нӕ банымадтой Савченкойы кандидатурӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0