Бибылты Анатолий: Конституци у Хуссар Иры паддзахаддзинады бындур

© Sputnik / Natalia Airiyan РХИ Конституци
РХИ Конституци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.04.2021
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, абоны юбилей ноджы иу хатт зӕрдыл кӕй ӕрбалӕууын кодта республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн равзаргӕ фӕндаг ӕмӕ ӕнтыстыты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 8 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта республикӕйы цӕрджытӕн Конституцийы юбилейы цытӕн. Уый зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, республикӕйы Сӕйраг закон кӕй райстӕуыд 20 азы размӕ ӕппӕтадӕмон референдумыл.

Бибылты Анатолий банысан кодта, Конституцийы цы барадон нормӕтӕ ис, уыдон сты республикӕйы райрӕзты фидар бындур.

"Конституци ссис паддзахаддзинады арӕзтады, ӕхсӕнады консолидацийы, ӕмбӕстӕгты бартӕ ӕххӕст кӕнын ӕмӕ хъахъхъӕныны системон бындур. Сӕйрагдӕр принциптӕ, кӕцытыл арӕзт у Конституци – законы бӕрзонддзинад, хицауады ӕххӕстбартӕ дих кӕнын, паддзахады социалон характер, демократион бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинӕдтӕ хъахъхъӕнын", - хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, ацы бӕрӕгбон ноджы иу хатт зӕрдыл кӕй ӕрбалӕууын кодта республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн равзаргӕ фӕндаг ӕмӕ ӕнтыстыты тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0