Зӕронд мигӕнӕнтӕн ног цард: куыд ӕххӕст кӕнынц Джиоты Роланд æмæ Ирбег цæрджыты домӕнтӕ

© Sputnik / Дриаты ЛейлаДжиоты Ирбег
Джиоты Ирбег  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.04.2021
Рафыссын
Дыууæ æрвады - Роланд æмæ Ирбег цæстуарзонæй сæ лæггады хай кæнынц, æххуысы охыл сæм чи баулæфы, уыцы адæймæгтæн

ЦХИНВАЛ, 11 апр – Sputnik, Дриаты Лейла. Хæдзарон ифтонггæрзтæ ӕмӕ мигӕнӕнтӕ дæр хæлын зонынц æмæ дзуапп нал фæдæттынц сæ хицауы домæнтæн. Ахæм рæстæджы адæймагæн йе скаст вæййы, чи сæ фæцалцæг кæны, уымæ. Мæнæ бахауд фæлтæрд къухты хицаумæ, бавнæлдта йæ аразынмæ æмæ йæ арæхстдзинады фæрцы уымæн бантыст хӕлд мигӕнӕн куыстæввонг скæнын.

Джиоты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.02.2021
Машинӕты дохтыр: куыд фӕивы бӕллӕххы бахауӕг хӕдтулгӕ Джиоты Анатолийы къухты

Уымæй æхсызгондæр ма цы хъуамæ уа йæ хицауæн, ныр та йын раздæрау кæндзæн йæ лæггады хай æмæ йын, арфæтæ ракæныны фæстæ, хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ рацæуы.

Æмæ цал вæййынц æрвылбон дæр, Цхинвалы Цардуагон лæггæдты хæдзарæй райгондæй æмæ бузныджы ныхæстимæ чи раздæхы, уыдон. Арфæйы ныхæстæ кæй номыл арвитынц, уыдон нымæцмæ хауынц ацы куыстуаты кусджытæ Джиоты Роланд æмæ Ирбег дæр.

"Мах архайæм æмæ цалцæг кæнæм, газы фæрцы хъарм чи кæны, ахæм цалдæр хуызы агрегатты", - зæгъынц кусджытæ.

Цæмæй уыдон æнæкъуылымпыйæ кусой, цалцæгкæнинаг та йæ раздæры гаччы æрбада, фæлхасгæнджытæн сæ домæнтæ æххæст кæной, уый тыххæй Джиоты Ирбег рацыд ахуыртӕ ӕмӕ йæ райгуырæн къуыммæ æрыздæхт цæттæ дæсны кусæгæй. Уый фæстиуæгæн дыууæ æрвады - Роланд æмæ Ирбег цæстуарзонæй сæ лæггады хай кæнынц, æххуысы охыл сæм чи баулæфы, уыцы адæймæгтæн.

"Зæгъын хъæуы уый, æмæ ахæм хъармгæнæн ифтонггæрзтæй пайда кæнынц канд нæ горæты цæрджытæ нæ, фæлæ ма республикæйы хъæууон æмбæстæгтæ дæр. Уыдонæй иуты æмбæлон уагмæ æркæнæм нæ кусæнуаты, æндæртæн та сæ уавæртæ бахынцæм, ацæуæм сæм бынатмæ", -  радзырдта Джиоты Ирбег.

Хъуамæ алчидæр тырна уымæ, цæмæй йын адæмы ‘хсæн уа кад, аргъ ын кæной, йæ алыварс чи ис, уыдон. Ном лӕгӕн йӕ кад у, йӕ царды сӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0