МХМ кусджытӕ райдыдтой цӕттӕ кӕнын Уӕлахизы боны цытӕн ӕфсӕддон парадмӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan МХМ кусджытӕ райдыдтой цӕттӕ кӕнын Уӕлахизы боны цытӕн ӕфсӕддон парадмӕ
МХМ кусджытӕ райдыдтой цӕттӕ кӕнын Уӕлахизы боны цытӕн ӕфсӕддон парадмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.04.2021
Рафыссын
Уӕлахизы бӕрӕгбонмӕ цӕттӕ кӕнынц Цхинвалы гарнизоны ӕфсӕддонтӕ дӕр, кӕцыты парадон къордтӕ рацӕудзысты бӕрӕгбонон маршӕй столицӕйы Театралон фӕзуатыл

ЦХИНВАЛ, 12 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) парадон къордтӕ райдыдтой цӕттӕ кӕнын Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 76-ӕм афӕдзы боны цытӕн ӕфсӕддон парадмӕ.

Тренировкӕтӕ райдыдтой Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) плацыл, хъусын кӕны къуырисӕры МХМ пресс-службӕ.

"Тренировкӕты хайад исынц МСНК парадон къордтӕ, мидхъуыддӕгты министрады сылгоймаг кусджытӕ ӕмӕ тырысайы къордтӕ. Фӕстӕдӕр сӕм ӕрбаиу уыдзӕн МСНК ӕфсӕддон техникӕ дӕр, кӕцы рацӕудзӕн Театралон фӕзуатыл генералон репетицийы рӕстӕджы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Амӕйразмӕ хъусын кодтой, Парадмӕ цӕттӕкӕнынад кӕй райдыдтой хуссарирыстойнаг ӕфсӕддонтӕ дӕр.

Хуссар Ирыстоны Уӕлахизы бӕрӕгбоны фӕлгӕтты ацӕудзысты традицион акцитӕ дӕр – "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы цыд ӕмӕ "Солдатский привал". Культурӕйы минитрады радзырдтой концерттӕ ӕмӕ ӕндӕр мадзӕлтты тыххӕй дӕр, кӕцытӕ нывонд сты бӕрӕгбонӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0